филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
10 сентября 2021, 11:06
Тускъаты Таймураз фембæлдис Горæтгæрон районы цæрджытимæ

Премьер-министрмæ æрбацыдис делегаци Майскийы хъæуæй

Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз фембæлдис Горæтгæрон районы цæрджытимæ æмæ сын байхъуыста сæ фарстатæмæ æмæ хъæстытæм. Премьер-министрмæ æрбацыдис делегаци Майскийы хъæуæй. Хъаст кодтой, бынæттон фæсивæдæн куысты бынæттæ кæй нæй, æмæ бахатыдысты, цæмæй бацархайой уыцы фарста алыг кæныныл. Коммунальныйы уынджы цы дыууæ кæлæддзаг хæдзары ис, уый цæрджытæн хъуамæ саразой ног цæрæнуæттæ, фæлæ адæм разы не сты, сæ ног хæдзар цы ран уыдзæнис, уыцы бынатыл. Иумæйагæй куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй ног хæдзар сараздзысты раздæр кæм уыдис, уыцы бынаты, арæзтад цалынмæ цæуа, уæдмæ та адæм цæрдзысты сæ хиуæттæм æмæ хæстæджытæм. Сæ цæрыны уавæртыл хъаст кæнынц Джызæлы хъæугæрон цы фæсивæдон поселок сарæзтой, уый цæрджытæ. Уыцы ран нырмæты нæам ис канализацитæ, цæрæн бынатæн та нæй ницавæр статус. Дон æмæ электрон энерги кæй нæ фаг кæны, ууыл хъаст кæнынц дыргъцæхæраæтты æмбалад Хурзæрины цæрджытæ дæр. Ноджы ма æвзæр уавæры сты фæндæгтæ дæр. Уыцы бынаты бирæ адæм кæй цæры, уый тыххæй Хицауад гæнæн ис æмæ æмбаладæн радта хъæуы статус – зæрдæ бавæрдта Тускъаты Таймураз. Уæд дзы сараздзысты æппæт хъæугæ инфраструктурæ – скола, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ æндæр социалон объекттæ. Хъæнийы хъæуы цæрæг та Премьер-министрæй ракуырдта, цæмæй сын баххуыс кæна сæ цæхæрадæттæ бахъахъхъæнын æмæ ног фæндаг саразын. Тускъаты Таймураз бæрнон адæймæгтæн бабар кодта, цæмæй цæрджыты фарста лыггонд æрцæуа. Цалдæр бирæсывæллонджын бинонтæ та Хицауады Сæрдарæй ракуырдтой зæххы хæйттæ цæрæнбынæттæ саразынæн. Алы курдиатмæ дæр уыдзæнис хицæн æркаст – зæрдæ бавæрдта Тускъаты Таймураз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania