филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
10 сентября 2021, 11:36
Социалон фæдзæхстады фонд Полина Тишковайæн балхæдта протез

Лæмбынæг куы нæ ркæсай, уæд æй фыццаг нæ равзардзынæ, йæ фæлтæрæнтæ чызг протезимæ кæй æххæст кæны, уый

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у 11-аздзыд Полина Тишкова. Йæ карæнты хсæн, чи зоны, æмæ ницæмæй хицæн кæны. Полинæйæн йæ къухы бæсты ис протез, фæлæ йæ уый нæ хъыгдары æххæст цардæй цæрын. Сæрмагонд физкультурæ, процедурæтæ, тренажерты зал. Алы аз æрыгон чызг æххуыс райсы социалон фæдзæхстады фондæй. Ацы хатт дæр та афтæ. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæстондæр.

Сæрмагонд физкультурæ, процедурæтæ, тренажерты зал. Алы ранмæ дæр Полинæ Тишкова йе мгæрттимæ цæуы. Лæмбынæг куы нæ ркæсай, уæд æй фыццаг нæ равзардзынæ, йæ фæлтæрæнтæ чызг протезимæ кæй æххæст кæны, уый.

Полина æнæкъухæй райгуырд. Йæ сабибонтæй фæстæмæ пайда кæны протезæй, фæлæ йæ уый æппындæр нæ хъыгдары фехтованийы йæхи фæлварын æмæ ма суанг лыстæг куыстытæ кæнын дæр.

Йæ карæнты æхсæн Полинæ йæхи иттæг хорз æнкъары. Чызг куыд зæгъы, афтæмæй йын æхсызгон вæййы, исчи йæм куы фæкомкоммæ вæййы, уæд. Уæлдайдæр та ныртæккæ, механикон протез электронæй куы раивтой, уæд.

Ныртæккæ æнæ протезæй куыд цæрид, ууыл чызг хъуыды дæр нæ кæны. Аппарат та у зынаргъ æмæ йæ ивын хъæуы афæдз иу хатт. Полинæ куы райгуырд, уæдæ фæстæмæ фонд æххуыс кæны йæ ныййарджытæн протез балхæнынмæ. Ацы аз дæр афтæ.

Полинæйæ уæлдай ма фонд кæмæн æххуыс кæны, ахæм адæм бирæ сты. Дæтты сын протезтæ, коляскæтæ, хъусыны аппараттæ æмæ реабилитацийы æндæр фæрæзтæ. Куыстуаты специалисттæ та сæ зæрдæ дарынц, фидæны дæр Полинæйы ахæм нырыккон протезтæй кæй æххæст кæндзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania