филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
15 сентября 2021, 12:42
Æрыдоны æмæ Дыгуры районты хсæн арæзт цæуы ног хид

Иу кæны дыууæ хъæуы: Красногор æмæ Николаевскæйы станицæ

Æрыдоны æмæ Дыгуры районты хсæн арæзт цæуы ног хид. Иу кæны дыууæ хъæуы: Красногор æмæ Николаевскæйы станицæ. Фæлæ куыстыты мгъуыдмæ фæндаггон специалисттæ æруагътой иу рæдыд, ома дзы рæстæгмæ ахизæн не снысан кодтой. Уыимæ та дыууæ хъæуы цæрджыты бирæ хъуыддæгтæ иу кæнынц. Ахуырмæ, кæнæ кусынмæ адæмы фæхъæуы иувæрсты фæндагыл ацæуын. Уый та домы рæстæг. Фарста равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Красногоры хъæуы цæрæг сывæллæтты скъоламæ фæцæуын хъæуы  цæугæдон Урсдоны былгæрæттыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ æнцон хъуыддаг кæй нæу. Уымæн æмæ йæ скъахтой уæззау техникæйы фæрцы. Афтæмæй, чъизи фæндагыл сæ цыд акæнынц  Николаевскæйы станицæйы цæрджытæ, Красногормæ цæуын сæ куы фæхъæуы афтекмæ, дуканимæ, куыстмæ, уæд.  Æндæр гæнæн нæй, хæстæг хъæуты цæрджытæн. Цалынмæ ног хид аразынц, уæдмæ Николаевскæйы  æмæ  Красногоры цæрджытæ бахизой   Урсдоны сæрты рæстæгмæ ахизæныл, фæлæ чъизи фæндæгыл та куыд цæугæ у, уый у фарстайаг.  Красногорæй  Николаевскмæ хиды арæзтад райдыдта ацы аз  июны. Уый размæ уый фæлæггад кодта æнусы рдæгй фылдæр.

Ныр фæзынд фарстайаг хъуыддаг – проекты йæ  саразæг  нæ фæнысан кодта рæстæгмæ бахизæн  Николаевскæйы æмæ Красногоры цæрджытæ. Шофырты цæуын хъæуы Дигорайы уылты. Уый та уæлдай сахаты рдæг фæндагыл, фистæгæйцæуджыты та фæхъæуы цæугæдоны ламидæттыл цæуын.

Ныртæккæ объекты кусы техникæйы 10 иуæджы, 25 специалисты. Ног хид дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania