филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 суббота, 28 сентября 2024
16 сентября 2021, 12:04
Леваневский уынджы цæрджытæ 5 азы дæргъы тыхсынц сæ фæндаджы уавæрæй

Асфальт дзы уæвгæ дæр никуы уыд

Леваневский уынджы цæрджытæ 5 азы дæргъы тыхсынц сæ фæндаджы уавæрæй. Асфальт дзы уæвгæ дæр никуы уыд. Уыцы мгъуыдмæ сæ хъаст æмæ курдиат бирæ бæрнон куыстуæттæм бахастой, суанг ма прокуратурæмæ дæр бахæццæ сты. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Къуыппытæй дзыхъхъытæм, дзыхъхъытæй та къуыппытæм. Афтæмæй цæуынц сæ алывæрсты Леваневскийы уынджы цæрджытæ. Ацы ран асфальт уæвгæ дæр никуы уыдис.

Афтæ тыхсынц, сæдæ метры уаццагыл чи цæры, уыдон. Сæ алывæрстæ рагæй скодтой асфальт, фæлæ Краснодойнаг æмæ Гугкайы фырты уынгты хсæн уаццаг æнæзылдæй баззад. Дæс азы бæрц хæдзæртты хицæуттæ фыстæджытæ фыстой администацимæ æмæ профилон комитеттæм. 2018 азы ма суанг Прокуратурæ дæр батыхстис цæрджыты фарстайыл, фæлæ хъыгагæн уавæр нæ аивта.

Администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй ацы уаддзагæй уæлдай фæндагыл уыдис æндæр ахсджиаг бынæттæ. Леваневскийы уынджы ис базар, скъола, сывæллæтты рæвдауæндæттæ. Уыдонмæ базилын уыдис ахсджиагдæр. Хицæн хæдзæрттæ цы уаддзагыл сты, уымæн та йæ ахадындзинад чысылдæр кæй у, уый тыххæй рохуаты баззад.

Ног асфальт ацы фæндагыл уæддæр фæзындзæн. Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, фæндаджы уаддзаг иннæ аз кæй сцалцæг кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania