филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 суббота, 28 сентября 2024
17 сентября 2021, 11:13
Жуковскийы номыл парчы цæуы рацарæзт

Ацы бынат нымад у горæты цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн зонæтæй иуыл

Жуковскийы номыл парчы цæуы рацарæзт. Ацы бынат нымад у горæты цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн зонæтæй иуыл. Йæ территорийы фенæн ис алыхуызон бæлæстæ æмæ мæргътæ. Цæмæй йæ алæмæты хуыз ма фесафа, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы администраци цæттæ кæны йæ рацарæзты проект.

Æмраст къахфæндæгтæ, бирæ зайæгойтæ, аив бандæттæ æмæ хуызджын ирхæфсæнтæ. Жуковскийы паркмæ кæд рагæй зылд нæ уыдис, уæддæр ацы бынатмæ зæдиагæй цæуынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæртæ дæр.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ ацы парк бирæ уарзынц. Сæ хъуыдымæ гæсгæ у иттæг хорз бынат фæллад суадзынмæ æмæ тезгъо кæнынмæ. Уыимæ дзы ис, æмбал кæмæн нæй, ахæм комулæфт. Жуковскийы номыл парк фыццаджыдæр базонынц аргъæутты хъайтарты нывтæй. Мæнæ Айболит дзæбæх кæны жирафы. Ацы нывæй пайда кæнынц бирæ туристон оператортæ æмæ йæ æвдисынц, куыд нæ горæты тыгъдады ирд хай. Уæлдай аргъ ын кæнынц, парчы бæлæсты бын сонт къæвда æмæ хуры тынтæй  бамбæхсæн кæй ис, уый тыххæй. Бæзджын къалиутæ арв бамбæхстой. Бæлæсты сæхицæн ахстæттæ скодтой цъиутæ. Хъыгагæн бæлæстæн сæ фылдæр базæронд æмæ администраци архайы цъæх фонд раивыныл.

Æппæт бæлæстæ мыййаг нæ калынц. Сæ фылдæры хъæуы æрмæстдæр бахсæдын, цæмæй фæлладуадзджыты æдасдзинад бахъахъхъæной, уый тыххæй.

Кæддæр Жуковскийы номыл парцы цард цæджинагау фыхтис. Йæ ирхæфсæнтыл схъомыл сты нæ республикæйы цалдæр фæлтæры. Ныртæккæ дæр дзы аразынц сывæллæттæн бæрæгбæттæ, акцитæ, æрыгон натуралисттæ та цæст дарынц æрдзмæ æмæ зилынц цъиутæм. Парк дарддæр рæздзæн, уымæн æмæ Сергей Меняйло бауынаффæ кодта, цæмæй фæлладуадзæн бынаты проект хæстæгдæр рæстæг сцæттæ кæной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania