филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
21 сентября 2021, 12:43
Уæрæсейы фæкарздæр сты социалон кусджытæм домæнтæ

Нырæй фæстæмæ цæмæй ахæм куыст ссарай, уый тыххæй хъæуы фæлварæн раттын

Уæрæсейы фæкарздæр сты социалон кусджытæм домæнтæ. Нырæй фæстæмæ цæмæй ахæм куыст ссарай, уый тыххæй хъæуы фæлварæн раттын. Уымæн æмæ у ахсджиаг дæсныйад. Йæ ахадындзинад тынг фæбæрæг пандемияйы рæстæг. Социалон кусæг æрмæст æххуысгæнæг нæу, фæлæ ма, зæгъæн ис, æмæ хорз æмбал. Профессионалон стандарттам гæсгæ, социалон кусæгмæ хъуамæ уа профилон ахуырад, æмæ зона фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Уымæй дарддæр хъуамæ йæ бон уа психологон æгъдауæй дæр баххуыс кæнын. Цæгат Ирыстоны социалон кусджыты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Гецаты Ланæ кусы ацæргæ адæмимæ. Ныртæккæ йæ бæрны ис фонз адæймаджы. Ацы куыст кæддæр сылгоймаг нымадта рæстæгмæйыл, фæлæ ныр æхсæрдæс азы дæргъы зæрдиагæй æххæст кæны социалон кусæджы хæстæ.

Хуысгæ рынчынтæм æххуысгæнæг цæуы къуыри фондз хатты. Сæ бон сæхимæ зилын кæмæн у, уыцы пенсиисджытæм та дыууæ хатты. Ацæргæ адæмæн социалон кусжытæ сты сæ ныфс æмæ сæ цæджындз.

Профессионалон стандарттам гæсгæ, социалон кусæгмæ хъуамæ уа профилон ахуырад, æмæ зона фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Уымæй дарддæр хъуамæ йæ бон уа психологон æгъдауæй дæр баххуыс кæнын.

Фæлтæрдджын социалон кусæг стажеримæ кусы комкоммæ. Куыстмæ райсыны размæ та авд боны дæргъы фидæны социалон кусæг зонгæ кæны дæсныйады миниуджытимæ.

Авд боны стажировкæ, дарддæр та фидæны кусæджы райсынц иртасæн æмгъуыдмæ. Адæмимæ кусын æнцон нæу æмæ уый тыххæй бирæтæ фыццаг цæлхдурты фæстæ сæ фæнд аивынц.

Социалон кусæгæн йæ сæйраг миниуæг у адæмæн æххуыс кæнын – зæгъынц специалисттæ. Иннæтæй алцæуыл дæр ис сахуыр кæнæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania