филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
22 сентября 2021, 12:43
Петровскийы фæрсуынджы 9-æм хæдзар ис тæссаг уавæры

100 азæй йыл фылдæр цæуы, æмæ уыцы мгъуыдмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд

Петровскийы фæрсуынджы 9-æм хæдзар ис тæссаг уавæры. 100 азæй йыл фылдæр цæуы, æмæ уыцы мгъуыдмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Цæрджыты цалдæр фæлтæры-иу æм сæхи хъарутæй базылдысты, фæлæ уыцы куыстытæ фаг нæ уыдысты. Уæвгæ та, ацы хæдзары бирæ зындгонд адæм царди. Хъæздыг историимæ бæстыхайы уавæры тыххæй бæстондæр радзурдзæн нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан.

Петровскийы фæрсуынджы  9-æм номырыл цы хæдзар ис, ууыл цæуы æнусæй фылдæр. Ам цардысты  прозаик æмæ тæлмацгæнæг  Богазты Умар,  артиллериийы маршал Николай Яковлев, революцийы агъоммæ та дзы уыд банчы хайад.  Ныр хъæздыг историимæ хæдзар згъæлы. Бæстыхайы иу хайы  æрбынат кодта дæсныйадыл æфтауæн  институт, иннæйы та ис  – 12 фатеры.

Плиты  Уырызмæг архайы хъæдæй æмæ æфсæйнагæй.  Цæттæ у бæстыхайы раздæры хуыз раздахыныл бакусынмæ. Æмбæлгæ уагыл сног кæнын йæ бон у балкъонты æфсæйнагæй конд  æвæрæнтæ, асинтыл æнцойгæнæнты нывæфтыдтæ.  Фæлæ  хæдзары згъæлгæ сæр, пъолты хуынчъытæ бацалцæг кæнын та нæу хæдзары цæрджытæн сæ бон.

Петровскийы фæрсуынджы хæдзар хаст нæу культурон бынты цырдзæвæнты номхыгъдмæ. Сæрмагонд комитеты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй закъонмæ гæсгæ йæ цалцæгыл дзуапп дæдтынц цæрджытæ, стæй чи йæ пайда кæны, уыдон.

РЦИ-А культурон бынтæм хаст оъекттæй пайда кæныны æмæ сæ хъахъхъæныны комитет радта дæсныйад фылдæр кæныны институтæн  амынддзинад, цæмæй  22-æм  декабрьмæ бацæттæ кæной бæстыхайы цалцæджы проект.  Уыимæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады  министрады куыд загътой, уымæ гæсгæ – республикæйы кусы иумæйаг исбонады æмæ бирæфатерон  хæдзæрттæ бындурон цалцæджы  программæ.

Министрады специалисттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй 2023-æм азмæ æппæт нысанмæ цалцæггæнинаг бæстыхæйттыл  куыстыты номхыгъд бæрæг у, æмæ йæ уыцы пълантæм бахæссæн нал ис. Иу ныхасæй Петровскийы фæрсуынджы хæдзары хъæуы йæ радмæ æнхъæлмæ кæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania