филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
28 сентября 2021, 12:35
Ацы аз Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой фæндæгты 20 километрæй фылдæр

Æппæтæй стырдæр объекттæй иу у Ардонскийы уынг

Ацы аз Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой фæндæгты 20 километрæй фылдæр. Уыцы куыстытæн радих кодтой 524 милуан сомы. Афтæмæй сног кодтой Весеннийы, Маркусы, Гæдиаты Цомахъы æмæ Куйбышевы уынгты хай. Æппæтæй стырдæр объекттæй иу у Ардонскийы уынг. Уым цалцæггæнæн куыстытæ арæзт æрцыдысты фыццаг хатт фæстаг 15 азмæ. Баивтой ма канализацион хызы хæтæлтæ дæр. Куыстыты хæрзхъæддзинадæн аргъ скодта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Æрыдойнаг уынджы цы егъау куыстытæ цæуынц, уыдонмæ бавнæлдтой январы. Уæдæй нырмæ базылдысты фæндаджы уæлцъары æртæ километрмæ, стæй баивтой коммуникацитæ дæр. Куыд сбæрæг афтæмæй газы æмæ доныхызтæ уыдысты ихсыд.

Ацы фæндаг у æртæрæнхъон. Йæ уæрх баззад раздæрау. Ныридæгæн дзы сæвæрдтой бордюртæ, фæзынд дзы фистæгæйцæуæнтæ дæр. Тагъд рæстæг фæндагыл скæндзысты хаххнывтæ. Афтæ бæлвырд цалцæг Æрыдойнаг уынг нæ уыдис 2006 азæй фæстæмæ.

Специалистты куыстмæ ис фау æрхæссæн, зæгъынц бынæттон цæрджытæ. Александр Воронков йæхи фæрæзтæй ногæй сцалцæг кодта йæ хæдзары алыварс. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, асфальт раст кæй нæ сæвæрдтой, уый тыххæй иу къæвдабон кæрт донæй байдзаг.

Техникон цæттæдзинад федта æмæ райста Дзæуджыхъæуы фæндаггон Фонды сæрмагонд къамис. Ведомствæйы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ скодтой куыд æмбæлы, афтæ, фæлæ уæддæр цæрджытæй цæуынц уайдзæфтæ. Æппæт хъæстытæ дæр бæрæг кæны сæрмагонд къамис.

Фæндаджы уæлцъарæн ис гаранти – авд азы. Цалцæггæнæн куыстыты ацыдысты æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты федералон программæ æххæстгæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania