филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
28 сентября 2021, 12:44
Дзæуджыхъæу сси Æппæтадæмон хæлардзинады маршы хай

Цæгат Ирыстонмæ  ссыдысты Уæрæсейы хæлардзинады фонды Курскы областы хайады уæнгтæ

Дзæуджыхъæу сси Æппæтадæмон хæлардзинады маршы хай. Цæгат Ирыстонмæ  ссыдысты Уæрæсейы хæлардзинады фонды Курскы областы хайады уæнгтæ.  Фыдыбæстæйы стыр хæсты уæлахизы 80 азы кадæн арæзт  Маршы фæндаг рацыд æфсæддон намысы горæттыл. Курск – Ростов-на Дону – Пятигорск – Дæзуджыхъæу – Грозна. Алкæцыйы дæр дзы арæзт æрцыд сабырдзинадимæ баст мадзæлттæ:  Сæвæрдтой дидинджытæ фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртдзæвæнтыл, сарæзтой Хæлардзинады уроктæ, æхсæнадимæ фембæлдтытæ.  Дзæуджыхъæуы  курскаг делегаци сæвæрдта дидинджытæ  Намысы мемориалы æнусон арты цур. Уыимæ фонды архайды фæрцы Курскы æмæ Дзæуджыхъæуы скъолаты хсæн фыст ис æмгуыстады бадзырдта. Рæзгæ фæлтæримæ куыст у, фонды ахсджиаг хъуыддæгтæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania