филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
28 сентября 2021, 12:50
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ программæ «Алания бизнес акселераторы» фæлгæты сарæзт проекты конкурс

Йæ 50 архайæджы канд сæ бизнесы фæдыл хъуыдытæ нæ хъахъхъæдтой, фæлæ дзы алкæцыйы бон дæр уыд, зындгонд амалхъом адæмимæ фембæлын æмæ семæ  аныхас кæнын

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ программæ «Алания бизнес акселераторы» фæлгæты сарæзт проекты конкурс. Йæ 50 архайæджы канд сæ бизнесы фæдыл хъуыдытæ нæ хъахъхъæдтой, фæлæ дзы алкæцыйы бон дæр уыд, зындгонд амалхъом адæмимæ фембæлын æмæ семæ  аныхас кæнын. Проекты  тематикæ у алыхуызон. Баст сты исты аразынимæ æмæ туризмы къабазимæ. Проекттæн аргъ кодта сæрмагонд къамис. Уæлахиздзаутæн барлæвæрд уыдзæн дарддæры къæпхæны архайынæн. Уым сын амынддзинæдтæ райсын уыдзæн  сæ проекттæ царды ахадгæ уадзынæн.  Программæ Alania BAccelerator -ы сæйраг нысан у – фæсивæды экономикон къабазы архайынмæ æмхиц кæнын. Уымæн скъолаты арæзт цæуынц  бизнес-тренингтæ, дзурынц дзы амалхъомдзинад аразыны бындурыл, стæй конд цæуынц  закъонæвæрынад æмæ финансон зонындзинæдтимæ баст ахуырадон хъæзтытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania