филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 суббота, 28 сентября 2024
30 сентября 2021, 12:24
Алагиры районы байгом кодтой ахсджиаг социалон объекттæ

Кадджын мадзалы архайдта Тускъаты Таймураз

Алагиры районы байгом кодтой ахсджиаг социалон объекттæ. Кадджын мадзалы архайдта Тускъаты Таймураз. Алагиры байгом сывæллæтты аивæдты скъола æмæ фæлладуадзæн зонæтæ, Суададжы та спортивон зал. Объекттæ федта нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан, æмæ йын ныхасы бар.

Суададжы байгом, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы спортивон зал. Бынæттон цæрджытæн уый уыд æхсызгон лæвар. Бæрæгбон æнæ лæвæрттæй нæ фидауы.

Брытъиаты Алинæйæн æндæр гæнæн нæ уыди, æмæ тренировкæтæм цыди Хæтæлдонмæ, кæнæ Алагирмæ. Æмæ фæндагыл хардз кодта бирæ рæстæг. Зындзинæдтæ æййæфта, уæлдайдæр та зымæгон. Фæлæ дæ бæллицмæ куы цæуай, уæд зындзинæдтыл нæ хъуыды кæныс, зæгъы æрыгон чызг. Йæ бæллиц та хуымæтæг нæу – фæнды йæ олимпаг чемпионкæ суæвын.  Ныр та у Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионкæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Штангæтæ, гантельтæ æмæ хъæбысæйхæцæн гауыз. Нырæй фæстæмæ фæсивæдæн уыдзæн алы уавæртæ сæ нысантæм цæуынæн, æмæ спорты бæрзæндтæм тырнынæн. Уæдæ дæнцæг кæмæй исой, уый дæр сын ис. Зындгонд хъæбысæйхæцджытæ – Хæдарцаты æфсымæртæ сты Суадагæй рацæугæ спортсментæ.

Спортивон зал у иунæг Суададжы. Ам сывæллæттæн фадат уыдзæн уæгъдибар хъæбысхæсты сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнынæн. Ис дзы, спорты бæрзæндтæм сæ чи разæнгард кæндзæн, ахæм тренер дæр. Зал ифтонг у тренажертæй, фæлæ сæм инструктор нæма ис.

Хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта иннæ социалон объект дæр. Алагиры, бындурон цалцæджы фæстæ ног ахуыры аз райдыдта аивæдты скъолайы. Ам ахуыр кæны æртæ сæдæ æхсай сывæллоны. Кусы цалдæр хайады. Нывкæнынад, хореографи, фортепиано. Бындурон цалцæг ам нæ уыд æхсай азы онг. Бæстыхайы сæр уыд бындуронæй базилинаг. Скъолайы директор Икъаты Элизæ куыд загъта, афтæмæй тынг цин кæнынц ног дуæрттыл, рудзгуытыл æмæ пъолтыл.

Педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ сæ зæрдæ дарынц, ног цалцæггонд бæстыхаймæ ноджы зæрдиагдæрæй кæй цæудзысты, ууыл.

Ам бацархайдтой бæстыхайы историон хай бахъахъхъæныныл. Раздæр ам уыд мæсыг, йæ бынты та уыд аргъуанмæ фæндаг. Уыцы конструкци дæр æххæстæй сног кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania