Уыцы хъуыддаг саразын бахъуыд, æфтиæгтæ æмæ хæрдзты хæйтты ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ
Цæгат Ирыстоны парламенты æмбырды депутаттæ бахастой фæндон, 2023-æм азы онг республикон бюджеты закъоны проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй.Уыцы хъуыддаг саразын бахъуыд, æфтиæгтæ æмæ хæрдзты хæйтты ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Республикæйы финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Исахъты Олег йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæрдзтæ фæфылдæр сты, æфтиæгтæй. Уыимæ ивддзинæдтæ бюджетмæ хаст æрцæуы федералон фæрæзты фæрцы. Закъоны проектмæ гæсгæ хъуамæ ацы аз 1 миллиард æмæ 688 мин сомы фæфылдæр уой хъалонтæ æмæ æндæр хъуыддæгты фæрцы республикон бюджетмæ цы æфтиæгтæ цæуы, уыдоны бæрц. Сæрмагонд гæххæт ист æрцыд дыккаг æркасты рæстæг. Фыццаг æркасты та ма каст æрцыд, республикæйы хицауад цы закъоны проект бацæттæ кодта, уымæ. Цæгат Ирыстоны фæллойы æмæ социалон райрæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Хуыбаты Барис загъта, кæй фæфылдæр хæсгæ сывæллоны æрвылмæйон фиддон. Уыд 4200 сомы, ныр схæццæ 11 мин соммæ. Проект дыккаг æркасты ист куы æрцæуа, уæд йæ тыхы бацæудзæн фидæны аз.