филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
01 октября 2021, 11:19
Бирæ хæдзæрттæм ныридæгæн хъарм радтой, фæлæ ис ахæмтæ дæр, сæ батарейтæ раздæрау уазал кæмæн сты

Уазæлтты ралæудимæ нæ республикæйы райдыдта хъармгæнæн сезон. Уыимæ – æмгъуыдæй раздæр. Бирæ хæдзæрттæм ныридæгæн хъарм радтой. Фæлæ ис ахæмтæ дæр, сæ батарейтæ раздæрау уазал кæмæн сты.

Гуыдиаты Зарæ йæхиуыл скодта хъарм дзаумæттæ, æмæ ма электрон хъармгæнæн дæр скусын кодта.

 Фæлæ уæддæр уазал. Сылгоймаг зæгъы, радиойæ фехъуыста хъармгæнæн сезон æмгъуыдæй раздæр кæй райдыдта, уый.

Сæхи схъарм кæныныл архайынц Худоянцты бинонтæ. Фæлæ дыууæ аздзыд Сатия уæддæр суазал æмæ фæрынчын.

 Йæ мад Виктория куыд загъта, афтæмæй æддейы дæр уазал у, стæй сæ хæдзары дæр.

Хæдзæрттæн разамынддæттæг управленийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хъармгæнæн сезон райдайы 15-æм октябры, фæлæ ацы аз уазæлттæ райдыдтой дзæвгар раздæр. Уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ, хæдзæрттæм хъарм раздæр раттын. Æмæ уæвгæ дæр иуæй-иу хæдзæрттæмхъарм бахæццæ. Фæлæ куыстуаты бæрны ис 400 цæрæн хæдзары. Уымæ гæсгæ уыцы-иу рæстæг системæ скусын кæнын æнцон хъуыддаг нæу.

Организацийы ма бафиппайдтой, æппæт куыстытæ хъуамæ кæй бакæной специалисттæ, цæмæй кусæнгæрзтæ, куыд æмбæлы, афтæ скусой, æмæ мацы асæтта, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania