филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
07 октября 2021, 11:03
Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы донæфсадæн æмæ дзондзæуæн иугонды æхсæн æмгуыстадыл дзырдтой Сергей Меняйло æмæ иугонды директор Елена Довлатова

Куыд баныхас кодтой, афтæмæй сараздзысты республикæйы иумæйаг донæфсадæн организаци

Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы донæфсадæн æмæ дзондзæуæн иугонды æхсæн æмгуыстадыл дзырдтой Сергей Меняйло æмæ иугонды директор Елена Довлатова. Куыд баныхас кодтой, афтæмæй сараздзысты республикæйы иумæйаг донæфсадæн организаци. Уый фæрцы, зынгæ фæхуыздæр уыдзысты адæмы царды уавæртæ æмæ сæ экологон æдасдзинад. Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн доны иумæйаг схемæ. Куысты фæтк аразгæйæ æнцонæй архайдзысты доны бæрц æмæ бынæттон æрдзы уавæртыл. Уымæй уæлдай саразыдзысты инвестицион программæ республикæйы дон æмæ канализацийы хæдзарады райрæзтæн. Бæлвырд æрлæууыдысты Терчы дон ныссыгъдæг кæныны мадзæттыл. Ныртæккæ Волгæйы донмæ зилынц сæрмагонд федералон программæйы фæрцы, æмæ гæнæн ис Теркæн дæр уымæй кæй спайда кæндзысты, уый. Уыцы фарстамæ бæлвырд æркæсдзысты Уæрæсейы доны фæндзæм конгрессы. Ацæудзæнис Мæскуыйы, мæйы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania