филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
07 октября 2021, 11:48
Цæгат Ирыстоны фæзынди æвзæр чи хъусы, ахæм сывæллæттæн сæ хъусæн процессортæ ивыны гæнæнтæ

Иу комплекты аргъ у фондзсæдæ мин сомы бæрц

Цæгат Ирыстоны фæзынди æвзæр чи хъусы, ахæм сывæллæттæн сæ хъусæн процессортæ ивыны гæнæнтæ. Иу комплекты аргъ у фондзсæдæ мин сомы бæрц. Ифтонгарзæй уæлдай ма дзы ис ивæн хæйттæ фондз азы æмгъуыдмæ. Аппарат цæмæй баивай, уымæн бахъæудзæнис астсæдæ мин сомы. Хъусæн имплант кæмæн ис, уыцы сывæллæттæн æй аразынц паддзахады хардзæй. Цæмæй ног, зынаргъ хъусæн аппарат райсой, уый тыххæй сæ раздæр цæуын хъуыди Мæскуымæ. Ныр хъæуы Дзæуджыхъæуы клиникæтæй иумæ бацæуын, æмæ хъуыддаг сырæздзæн.

Хъусæн процессор ивгæйæ æппæты зындæр у ифтонгарзы куыст нывыл фæткыл саразын. Сывæллон хъуамæ алы зæл дæр хъуса куыд æмбæлы, афтæ. Уыцы хъуыддагмæ дохтыртæй уæлдай цæст дары сæрмагонд техникæ.

Ахæм процессор хъусæй чи нæ хъусы уыцы адæймагæн у æнæмæнгхъæугæ дзаума. Æрмæст æм сигнал цæуы зæлы уылæны хуызы нæ, фæлæ куыд электрон импульс. Мадина Шестаковайæн ацы аппарат балæвар кодта йæ амфамблай цы зæлтæ ис, уыдон хъусыны фадат. Раздæр чызг пайда кодта хъусы имплантæй, фæлæ йын фехæлд. Ныртæккæ та йæ бон у йæ ныййарджытæ æмæ æмгæрттимæ ныхæстæ кæнын, фæлæ йæ æмбары, ныхасы практикæ ацæуын æй кæй хъæудзæнпс, уый.

 Иу комплекты аргъ у фондзсæдæ мин сомы бæрц. Ифтонгарзæй уæлдай ма дзы ис ивæн хæйттæ фондз азы æмгъуыдмæ.

 Аппарат цæмæй баивай, уымæн бахъæудзæнис астсæдæ мин сомы. Хъусæн имплант кæмæн ис, уыцы сывæллæттæн æй аразынц паддзахады хардзæй. Раздæр та уый тыххæй хъуыдис Мæскуымæ цæуын. Ныртæккæ уыцы процедурæ ис скæнæн Ирыстоны дæр, бынæттон клиникæтæй иуы бындурыл.

 Адæмон фронты уыцы хъуыддагыл архайдта æхсæз азы дæргъы, фæлæ бæлвырд æнтыстдзинæдтæ йæ къухы нырма ныртæккæ бафтыдысты. Федералон центр республикæмæ арвыста фæрæзты фылдæр хай, бынæттон хицауад та Сергей Меняйлойы фæндонмæ гæсгæ бакуыста æхцатæй спайда кæныны фæткыл. Хъусæй æвзæр чи хъусы, уыдоны организаци «Мир Звуковмæ» арвыстой нысанон субсиди. Ифтонгарз баивынц æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды уылты.

 Федеральный центр стыр аргъ скодта республикæйы ахастдзинадæн уыцы фарстамæ. Адæмон фронты инвалидты фарстаты фæдыл координацион советы сæрдар Иван Бирюков куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фæлтæрддзинадæй гæнæн ис æмæ спайда кæной иннæ регионтæ дæр.

 Ифтонгарз раивынæн æхцатæ радих кæндзысты ацы азы кæронмæ. Уæдмæ ног аппараттæй баххæст кæндзысты 14 сывæллоны. Æдæппæтæй та ахæм ипланттæй нæ республикæйы пайда кæнынц æстай фондз сывæллоны. Адæмон фронты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй программæ кусдзæн иннæ аз дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania