филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
08 октября 2021, 11:34
Цæгат Ирыстоны карчы æйчытæ бонæй бонмæ зынаргъдæр кæнынц

Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц уымæ гæсгæ,  айчыты аргъ Ног азы онг рæздзæн

Карчы дзидза, æйчытæ. Цæгат Ирыстоны уæрæхæй фенæн ис бынæттон куыстуæтты продукци. Республикæйы кусы 4 маргъдарæн  фабрикæйы. Уыдон сæ продукцийæ æххæст кæнынц фæлхасгæнджыты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы къабаз кæй рæзы паддзахадон æххуысы фæрцы. Фæлæ сын уый фаг нæу. Цавæр зындзинæдтимæ æмбæлынц ацы къабазы уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.

Сызгъæрин æйчытæ. Афтæ сæ ныртæккæ хонынц адæм. Ацы продукт бонæй бонмæ зынаргъдæр кæны.  Фæлхасгæнджытæ ацы хъуыддагимæ разы не сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй æгæр зынаргъ сты.

Паддзахадон Федералон Службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ  сентябры дуканиты айчыты аргъ, рæстæмбис нымадмæ гæсгæ, фæфылдæр æртæ сомы æмæ цыппор фараст капеччы. Кæд мæйы райдианы дæс айчы кодтой  67 сомы æмæ  55 къапеччы, уæд ныр та 71сомы

Октябры æргъты цыд уæлæмæ не рлæууыд. Базæртты æйчытæ балхæнæн ис  80-85 сомæй. Æргътæ бæрзонддæр кæнынц канд ивтонггæнджытæ нæ,фæлæ продукт аразæг куыстуæттæ дæр.

Ацы фабрикæйы афæдзмæ, фæлхасгæнæгмæ фæхæццæ кæнынц  8 милуан айчы.  Куыстуат нымад у егъауыл. Ис дзы айчытæ чи хæссы ахæм 85 мин  карчы. Ис дзы иттæг хорз уавæртæ.  Бæстыхайы  æмбæлгæ уагыл у хъарм, рухс, кæрчытæн хæринаг лæвæрд цæуы автоматикон æгъдауæй, æйчытæ дæр æмбырдгонд цæуынц, афтæмæй.  Адæймаджы куыст дзы у тынг гыццыл.

Æйчытæ æвзарынц сæ сортмæ гæсгæ æмæ сæ  æвæрынц сæрмагонд къоппыты. Фабрикæйы ис  техникон хай, кæрчытæ кълеткæты дæрыны системæ, уыимæ хицæн цехтæ.  Фæнд кæнынц æйчытæ дарæн бынат.  Нæй сæм хи хæринаггæнæн базæ.  Специалистты ныхæстæм гæсгæ, уый у продукци кæй фæзынаргъдæр, уый сæйраг аххосаг.  Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Рубайты Ибрæгимы хъуыдымæ гæсгæ раздæры азты куысты фæлтæрддзинад хъуамæ фæахъаз уа уавæр фервæзын кæнынæн.

Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц уымæ гæсгæ,  айчыты аргъ Ног азы онг рæздзæн. Специалистты рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2022-æм азы  январмæ хъуамæ уавæр раива.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania