филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
13 октября 2021, 12:00
Сæ бирæ азты фарстайæ тыхсынц Архонкæйы цæрджытæ

Бæлццæтты маршруткæтæм æнхъæлмæ кæсын хъæуы æппынкъаддæр сахаты рдæг

Сæ бирæ азты фарстайæ тыхсынц Архонкæйы цæрджытæ. Бæлццæтты маршруткæтæм æнхъæлмæ кæсын хъæуы æппынкъаддæр сахаты рдæг. Уыимæ ма, æрлæууæнтæ æмбæлгæ хуызы дæр куы уаиккой… Сæрдыгон хуры бынмæ лæууын се ппæты бон нæу, кæмæндæрты дзы иу сæ зæрдæтæ дæр бахъарм сты. Къæвдаты рæстæг дæр хуыздæр уавæры нæ вæййынц. Къæвда бон Архонкæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Гъутьиаты Алинæ радзурдзæн цы уавæр дзы баййæфтой, уый.

Ай уын Архонкæйы æрлæууæн бынæттæй иу. Адæмы æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсын хъæуы цъымараты лæугæйæ. Фæлæ архонкæйæгтæ æрмæст уымæй нæ тыхсынц. Маршруткæмæ сæ хаттæн хъæуы сахатырдæг æнхъæлмæ кæсын. Ларисæ Демченко куыд зæгъы, афтæмæй куыстæй хæдзармæ маршруткæйыл дæс минуты цыд йедтæмæ нæу, фæлæ æнхъæлмæ кæсгæйæ уыцы рæстæг сахатæй ахизы. Бынтон зын та транспортмæ æнхъæлмæ кæсын хуры къæймæ лæугæйæ вæййы.

Æхсæнадон транспорты шофыртæ уыцы хъæстытимæ разы не сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй æмгъуыдтæ бæлвырдæй æххæст кæнынц.

Ноджы ма бæлццæтты фыдæнæн иу бæллæх. Архонкæйы нæ фаг кæны æхгæд æрлæууæн бынæттæ. Станицæйы дзы ис æртæ æмæ сеппæтдæр сты сæйраг уынджы. Хъæугæрон чи цæры, уыдонæн та бынтон зын вæййы. Сæ бон нæу къæвда кæнæ та хурæй бамбæхсын. Ларисæ Демченко куыд зæгъы, афтæмæй иу хаттæн чидæртæ бауадзыг сты.

Æрлæууæн бынæтты æхсæн дзæвгар бынат ис. Бæлццæттæ арæх фæкурынц, цæмæй сын бæлвырд ран бауромой, уый. Шофыртæ сæ æмбарынц, фæлæ сæ коммæ æдзух нæ кæсынц. Æнæмбæлгæ ран чи баурома, уыцы шофыр фиды ивар.

Бынæттон цæрджытæ æххуысагур бацыдысты станицæйы разамонæгмæ. Дмитрий Ефимов куыд загъта, афтæмæй уыцы фарстайы тыххæй зонынц районы администрацийы дæр.

Ног æрлæууæн бынæттæ кæд сæвæрдзысты, уый бæрæн нæма уы. Уæдмæ та уал станицæйы цæрджытæ сæхи къæвдайæ хъахъхъæнынц бахилтæ, зонт æмæ уæлæдарæсы фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania