филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
20 октября 2021, 11:53
Хойраджы продуктты æргътæ кæнынц зынаргъдæр, уымæй та, кæй зæгъын æй хъæуы, адæм разы не сты

Æппæтæй тынгдæр фæлхасгæнджыты дисы æфтауы картофы аргъ

Дзул, æйчытæ, дзидза æмæ картоф… Хойраджы продуктты æргътæ кæнынц зынаргъдæр. Уымæй та, кæй зæгъын æй хъæуы, адæм разы не сты. Æппæтæй тынгдæр фæлхасгæнджыты дисы æфтауы картофы аргъ. Фарон йæхи аргъ уыди 3 хатты къаддæр. Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, уый баст у, фæлхасгæнæг ацы продукт арæх кæй агуры, уыимæ, стæй егъау экспортимæ. Цардархайды ацы ахсджиаг фарстатæн дзуæппытæ ссарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд дæр.

Битарты Анатолий дыууын азæй фылдæр кæны картофы куыст. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз дыккаг дзулы аргъ дыууæ хатты кæй фæфылдæр ис, уымæн ис бирæ аххосæгтæ. Фермертæ æнхъæлдæр куыд нæ уыдысты, афтæ сырæзтысты минералон хъацæнты, гербицидты æмæ иннæ æрмæджыты аргъ.

Ацы аз зæххкусджыты ныхмæ уыдис боныхъæд дæр. Æппæты фылдæр бахъыгдæрдта, халсарты куыст чи кодта, уыдоны. Битарты Анатолий куыд зæгъы, афтæмæй фæззæг дæр се нцонтæй нæ уыдзæнис. Тыллæг хъуамæ æрæмбырд кодтаиккой сентябры райдиан, фæлæ къæвдатæ кæй сарæх сты, уый тыххæй куыстытæ фæстæдæрмæ аргъæвтой.

Уæдæ кусджытæ дæр нæ фаг кæны æмæ уый дæр у, картоф кæй фæзынаргъдæр, уый аххосаг. Тыллæг афойнадыл æмбырдгонд не рцæуы. Цас къаддæр тыллæг сисынц, уыйбæрц уæлдæр вæййы йæ аргъ. Плиты Азæ быдырон куыстытæм цæуы нудæс азы бæрц. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст се нцонтæй нæу æмæ йæм уый тыххæй ничи комы.

Кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй иуæй иу хæдзарæдтæ фæкъаддæр кодтой хуымзæххыты нымæц. Уый тыххæй картоф фæлхасгæнджытæм хæццæ кæны афтæ зынаргъæй.

Хъæууонхæдзарады министрады куыд загътой, афтæмæй иннæ аз картофы хуымзæххыты бæрц фæфылдæр кæндзысты фарастсæдæ гектары бæрц. Уый фæрцы фарста лыггонд æрцæудзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania