филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
21 октября 2021, 11:48
Гулунты Михаилы стæгдартæ сæ бынат ссардтой йæ фыды зæххыл

Североморскæй йын сæ æрбаластой йæ хæстæджытæ æмæ сæ кадджын уавæры баныгæдтой Дигорайы уæлдмæрды, Михаилы фыдæлты фарсмæ

Æхсызгон хабæр, æрхæндæг æнкъарæнтимæ.  Дигорайы цæрæг Гулунты бинонтыл сæмбæлд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хабар.  Сбæрæг,  хæсты рæстæг сын æбæрæгæй цы хион фесæфт, уый кæм фæмард, уыцы бынат.  Ныр, тæхæг Гулунты Михаилы стæгдартæ сæ бынат ссардтой йæ фыды зæххыл. Североморскæй йын сæ æрбаластой йæ хæстæджытæ æмæ сæ кадджын уавæры баныгæдтой Дигорайы уæлдмæрды, Михаилы фыдæлты фарсмæ.

Кæд азтæ рацыд, уæддæр Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты фæстиуджытæ бæрæг дарынц Ирыстоны бирæ бинонтыл. Ныронг дæр, нæма сбæрæг сты  æбæрæгæй фесæфт бирæ салдæттæ кæм ныгæд сты, кæм фæмард сты, уый. Фæлæ сæ ссарыныл куыст нæ мынæг кæны. Радон хæстон та  ныгæд æрцыд йæ фыдæлты зæххы. Дигорайы цæрæг Гулунты Михаилы кой фесæфт хæсты рæстæг. Цæугæ йын рауад ацу æмæ мауал æрбацуйы фæндагыл.

Лейтенант Гулунты Михаил архайдта Советон Фæсполяр хъахъæнæн мадзæлтты. Бæрæг куыд у, афтæмæй йæ куынæггæнæг хæдтæхæг   И-153-М62 цæф æрцыд, фæлæ цы ран, уый не сбæрæг. Ныр, æй азты сæрты ссардтой Мурмæнскы бынмæ  доны бынты ленк кæнджытæ. Йæ хуылфы та уыдысты тæхæджы стæгдартæ, дзаумæттæ æмæ хæцæнгарзы байзæдтæгтæ.  Кадджын уавæры сæ  радтой Михаилы хиуæттæн Североморскы. Цы ран сæ ссардтой , уым та æвæрд æрцыд Цæгатон флоты нысанимæ вымпел.

Куыд сбæрæг, афтæмæй хæдтæхæг 80 азмæ хæстæг фæлæууыд, доны быны зæххы 15 метры арфы. Гулунты Михаилы стæгдартæ  йæ фыдыуæзæгмæ  сластой йæ хиуæттæ. Уырдæгæй та йын сæ ахастой Дигорайы уæлмæрдмæ æмæ ныгæд æрцыдысты йæ райгуырæн зæххы, йæ хистæрты фарсмæ. Кадджын мадзалмæ, Гулунты бинонты фарсмæ æрбалæууынмæ, стæй æбæрæгæй фесæфт хæстонæн кад скæнынмæ æрбацыд бирæ адæм  – æхсæнадон организациты минæвæрттæ, бынæттон цæрджытæ, Гулунты мыггаджы хæстæджытæ.

 Уæвгæ, ныридæгæн æбæрæг сæфтыл хæстонты номхыгъд ма у стыр. Гулунты  Михаилы хæстæджытæ дæр архайдтой сæ хæстоны ссарыныл, фæлæ сгарæн куыст нæ ардта тæхæджы цард кæм ахицæн, уыцы бынат. Куыд фæзæгъынц, алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг. 80 азы бахъуыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты радон хъайтарæн та, цæмæй йæ ном райхъуыстаид фæлтæртæм, ссардтаид йæ бынат йæ фыдæлты зæххыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania