филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
22 октября 2021, 13:07
Кадджын уавæры байгом Фыййагдоны хид

Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй иу нарæг фæндагыл раздæр арæх æрцыди фæндаггон фыдбылызтæ

Бындурон цалцæджы фæстæ хид кадджын уавæры байгом кæныны мадзал Фыййагдоны цæрджытæн у историон цау. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй иу нарæг фæндагыл раздæр арæх æрцыди фæндаггон фыдбылызтæ. Бæлццæттæ дзы бирæ кæй цæуы, уый тыххæй та дзы машинæтæ афтæ æрæмбырд вæййы, æмæ сæ фæндаг рауайы къуылымпытимæ. 50-йæм азты арæзт блоктæй конд хиды бæсты ныр ис 30 метры нырыккон хид. Дзуапп дæтты æдасдзинады æппæт домæнтæн. Ныр республикæйы рæсугъддæр комтæй иумæ фæндаг у гом æмæ лæгъз. Раздæры хиды уæрх уыди 4 метры, дыууæ машинæйы дзы сæ фæндаг нæ адих кодтаикоой. Рацарæзты рæстæг æй фæуæрæхдæр кодтой 10 метры онг. Хид цалцæг кæнын райдыдтой ивгъуыд азы зымæджы. Уыцы курдиат фæндæгты хæдзарады комитетмæ бахаста нæлгоймæгты моладзандоны игумен Стефан. Ныр æнцондзинад хæссы фистæгæй цæуджытæн дæр, скодтой дзы къахвæндаг. Уымæй уæлдай, базылдысты моладзандоны территоримæ дæр, йе рцæуæн ын скодтой пандустимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania