филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 суббота, 28 сентября 2024
26 октября 2021, 14:26
Компани «Эра»-йы кусджытæ дыууæ бонмæ раластой 100 тонны бырон

Зиу сарæзтой Дзæуджыхъæуы

Компани «Эра»-йы кусджытæ дыууæ бонмæ раластой 100 тонны бырон. Зиу сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Ссыгъдæг кодтой æнæзакъон бырондæттæ æмæ сæмбырд кодтой сыфтæртæ. Афтæ регионалон оператор йе ргом раздæхта горæты цæрджыты хъæстытæм. Антисанитарон уавæры адæм социалон хызты аххосджын кодтой регионалон операторы.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ разы не сты сæ горæты санитарон уавæрæй. Сæ хъæстытæ æмæ фиппаинæгтæ мыхуыр кæнынц интернеты, æмæ домынц, цæмæй уынгтæ бырæттæй бафснайой. Цæрджытæ фæдис хъæр кæнынц бырæттæласæг компанимæ, цæмæй йæ комкоммæ хæстæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæна. График æдзухдæр ивы, ивынц бырæтты къоппыты бынæттæ дæр æмæ сеппæтмæ уый нæма хъары. Уавæрыл хъаст кæнынц хи хæдзæртты хицæуттæ. Иуæй иу уынгты нал ис контейнертæ, бырæттæ та æмбырд кæнынц райсомæй. Цæрджытæ хъуамæ сæ бырæттæ изæрæй рахæссой уынгмæ, цæмæй сæ сæрмагонд машинæ аласа, уый тыххæй. Фæлæ сеппæт уыцы хъæппæрисимæ не сразы сты.

 Иуæй иутæ цалдæр мæймæ сахуыр сты ног фæткыл, фæлæ контейнертæ кæм нæй, уыцы уынгты уавæрмæ гæсгæ, сеппæт хъуыддаг нæма бамбæрстой.

Горæты администрацийы минæвæрттæ цæрджыты хъæстытæ æмбарынц, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй контейнертæ кæй нæй, уый у рæстæгмæ мадзал. Раздæр Мамсыры-фырты, Æрыдойнаг æмæ Гугкайы-фырты уынгты контейнерты бынæттæ хæлдтой фæндаггон змæлды æгъдæуттæ. Фæндæгтæ куы сцалцæг кодтой, уæд бырæтты къоппытæн бынат нал разынд.

 Æрыдойнаг уынг зынгæ фæаивдæр. Уымæ гæсгæ, иннæ рæтты дæр архайдзысты урнæтæ сæвæрын. Кæмдæрты сæ къухы бафтыд контейнертæн ног бынæттæ ссарын. Æрмæст Æрыдойнаг æмæ Островскийы уынгты бырæтты къоппытæ сæ бынæттæ аивтой æртæ хатты. Афтæмæй уынджы рацарæзты рæстæг сбæрæг кодтой бырæтты къоппытæн сæрмагонд фæзуæттæ. Фæлæ цыдæр æфсоны тыххæй сæ бынат ивд æрцыд. Цæрджытæн уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ куыд фæстæдæр сахуыр сты.

Контейнертæ æндæр бынæттæм хæссынц горæты разамынды фæндонмæ гæсгæ. Фæлæ регионалон операторы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы хъуыддаджы тыххæй администраци семæ нæ ныхас кодта. Уый та сын къуылымпы кодта сæ куыст.

Уæдæ контейнертæ сæ раздæры бынæтты кæм ныууагътой, уым дæр уавæр сæ хуыздæртæй нæу. Арæх горæты вæййы фенæн, бырæтты бын чи фæцис, ахæм контейнерон фæзтæ. Регионалон операторы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ кусджытæ нæ фаг кæны, сæ фылдæр сты рынчын. Фæззыгон сыфтæр згъæлын куы райдайы, уæд уавæр зынгæ фæкарздæр вæййы. Ацы контейнер сафтид кодтой райсомæй, фæлæ та ныридæгæн цъуппдзаг бацис. Уæдæ къоппы алыварс дæр сыфтæрты кæритæ. Афтæ вæййы æрвылфæззæг дæр. Хæдзæртты хицæуттæ сæ цæхæрадæттæ куы бафснайынц, уæд бырæттæ сæвгæнынц къоппыты алыварс. Бирæ азты уый тыххæй быцæу кодтой горæты хицауад æмæ регионалон оператор. Ныр та баныхас кодтой, фарста дарддæр куыд лыггонд цæудзæн, ууыл.

Коммуналон кусджытæ сидынц Дзæуджыхъæуы цæрджытæм, цæмæй иумæйагæй бацархайой горæты сыгъдæгдзинадыл. Чи зоны, æмæ уавæр бынтон афтæ не скарз уыдаид, цæрджытæ сыфтæртæ дзæкъулты куы æфснайдтаиккой, уæд. Саст къалиутæ æмæ арæзтадон хауæдзæгтæ та сæрмагонд машинæйы гуыффæйы нæ цæуынц. Специалисттæ амонынц, цæмæй ахæм заман цæрджытæ агурой, сæрмагонд лицензи кæмæ ис, ахæм компанийы æххуыс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania