филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:20 суббота, 28 сентября 2024
26 октября 2021, 14:48
Луковскæйы  та арæзт цæуы ног парк

Фæлладуадзæн зонæйы проектыл бакуыстой 2016-æм азы

Луковскæйы  та арæзт цæуы ног парк. Фæлладуадзæн зонæйы проектыл бакуыстой 2016-æм азы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ парк станицæйы цæрджытæ аразынц сæхи фæрæзтæй. Куыстытæ цалдæр хатты æрлæууыдысты. Фæлæ бирæ азты цæмæ бæллынц, уыцы хъуыддаг уæддæр сырæздзæн. Фæзынд дзы аллейæтæ, дугъы уайæн фæндæгтæ, фидæны цыртдзæвæнæн бынат радих кодтой парчы астæу. Снысан æй кæндзысты станицæйы бындурæвæрæг-хъазахъхъæгтæн. Хæстæгдæр æрстæг дзы ныссаддзысты 300 тала бæласы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania