филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
28 октября 2021, 15:04
Лескены цæрæг Цъеуты Вæлинтинæйы кой зындгонд у йæ диссаджы куыстæтæй

Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг фæллойадон пенсимæ рацæугæйæ сси æрмдæсны

Лескены цæрæг Цъеуты Вæлинтинæйы кой зындгонд у йæ диссаджы куыстæтæй. Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг фæллойадон пенсимæ рацæугæйæ сси æрмдæсны.  Сæрмагонд насы хуызæй аразы хæдзары мигæнæнтæ, стæй æндæр дзаумæттæ. Вæлентинæйы æрмадз бабæрæг кæнын  æмæ йын йæ куысты сусæгдзинæдтæ раргм кæнын бафæндыд Сосранты Жаннæйы.

Лескены цæрæг Цъеуты Валентинæн йæ абоны цардмæ фæндаг куыд цымыдиссаг уыд, афтæ сты йæ куыстæ дæр. Аразгæ та сæ кæны сæрмагонд насы хуызæй. Æвæдзæ адæймаг сфæлдыстадмæ æмхиц куы уа, уæд  ын йæхи æнæ ссарæн нæ вæййы искæцы æрмдæсныйады.

Валентинæ бирæ азты фæкуыста Лескены библиотекæйы. Фæлæ фæллойадон пенсимæ рацаугæйæ дæр æнцад бадын нæ зыдта æмæ аразын райдыдта мæнæ ахæм аив дзаумæттæ. Куы йæ бафарстон сæ саразыны хъуыды дæм куыдæй фæзынд, уæд йæ мидбылты бахуыдт æмæ загъта.

Нацы ацы хуызæй хæдзары мигæнæнтæ кодтой 12 мин азы размæ. Зындгонд куыд у, афтæмй дзы дон уазалæй бирæ рæстæг лæууы, стæй хæринагдæр æвзæр нæ кæны. Раздæр иу дзы дардтой хъæдур, нартхор æмæ æндæр хойрæгтæ.

Фæлæ исты цæмæй саразæй ацы насæй, уымæй уал æй бацæттæ кæнын фæхъæуы. Уый у тæккæ зындæр хъуыддаг. Валентинæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ аз хус куы рауайы, уæд нæстæ дæр хуыздæр сцæттæ вæййынц æмæ уæд семæ æнцондæр архайæн вæййы.

Валентинæ æ куыстытæ уæй нæ кæны, фæлæ сæ балæвар кæны уазджытæн, хиуæттæн, зонгæтæн. Уыимæ йæ зонындзинæдтæй адæм хайджын кæнынмæ дæрнæ зивæг кæны. Йæ нæсты мыггæгтæ байуары кæй хъæуы, уыдонæн.

Лескены цæрæг , Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Цъеуты Валентинæ  йæ хæдзары цы сæрмагонд къуым сарæзта йæ диссаджы куыстытæн, уырдæм бацæугæйæ адæймаг ферох кæны рæстæг. Иу экспонат иннæмæй диссагдæр. Сæ автор та сын сæ кой афтæ зæрдиагæй æмæ уарзонæй кæны, æмæ адæймаджы бафæнды хи бафæлварын ацы дæсныйадæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania