филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 суббота, 28 сентября 2024
03 ноября 2021, 11:27
Паддзахадон программæ æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны цалцæг кæнынц бирæфатерон хæдзæрттæ

Ныртæккæ æххæстæй ног кæнынц дыууæ объекты – Интернационалоны æмæ Тамайы-фырты уынгты

Паддзахадон программæ æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны цалцæг кæнынц бирæфатерон хæдзæрттæ. Ныртæккæ æххæстæй ног кæнынц дыууæ объекты – Интернационалоны æмæ Тамайы-фырты уынгты. Цавæр куыстытæ кæнынц подрядон организацитæ, æмæ цавæр хатдзæгтæм æнхъæлмæ кæсынц бынæттон цæрджытæ, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Интернациональныйы уынджы 99-æм хæдзары цæрджытæн алы райсом дæр райдайы дзæбуджы æмæ æндæр кусæнгæрзты уынæримæ. Æмæ сæ уый хъыгдаргæ нæ кæны, фæлæ сын у æхсызгон. Уымæн æмæ хæдзар цалцæг кæнынц бындуронæй. Аразджытæ ивынц бæстыхайы сæр. Куыстыты иу хай ныридæгæн фæци. Баивтой дондзæуæн системæ. Тагъд æвæрын райдайдзысты профнастил.

Ацы подрядон организацийы кусджытæ бындуронæй цалцæг кæнынц Тамайы-фырты уынджы 27-æм хæдзары сæр дæр. Куыстытæ дзы райдыдтой октябры кæрон. Хæдзар арæзт æрцыди 1967-æм азы. Уæд бæстыхайы сæр сарæзтой тъæпæн, конд уыди рубероидæй.  Алы дыууæ азы йæ цалцæг кæнын нæ хъуыди. Фæлæ уал азмæ заууатмæ æрцыди. Ныр æм хъуыди æвæстиатæй базилын. Специалистты ныхæстæм гæсгæ объект хуымæтæг нæу. Цæрджытæ арæх хъаст кодтой хæдзары сæр тæдзгæ кæй кодта, уымæй. Аразджытæн сæ размæ вæрд ис хæс цыбыр рæстæгмæ, цалынмæ нæ фæуазæлттæ, уæдмæ куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй объект ратдзысты мæй æмæ рдæджы фæстæ. Куыстытæм бавналыны размæ уал подрядон организациты равзарынц карз домæнтæм гæсгæ. Фæлæ, бындурон цалцæджы фæстæ дæр куыстыты хæрзхъæддзинадæн дзуапп фæдæттынц.

Бындурон цалцæджы Фонд куыстыты цыдмæ йæ цæст дары карзæй. Цæрджытæ ацы хæрдзтæн сæ фæрæзтæ æууæндынц, æмæ сæ хъæуы куыд æмбæлы, афтæ сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania