12 ноября 2021, 12:35
Медицинон æххуысы службæйы автопарк фæфылдæр 9 машинæйæ
Ифтонггонд сты фыццаг æххуыс бакæнынæн æппæт хъæугæ фæрæзтæй
Медицинон æххуысы службæйы автопарк фæфылдæр 9 машинæйæ. Ифтонггонд сты фыццаг æххуыс бакæнынæн æппæт хъæугæ фæрæзтæй. Ис дзы, 10 литры кæм цæуы, туаггуыры ахæм стационарон балонтæ. Рынчынæн кусын кæны йæ рæуджытæ. Ног машинæтæй баивдзысты зæрæттæ. Абоны онг Дзæуджыхъæуы кусы тагъд æххуысы 40 бригады, республикæйы та æдæппæтæй 80. Суткæмæ сæм æрбадзурынц рæстæмбисæй нæуæдз фæндзай хатты.
темæмæ гæсгæ




