филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 суббота, 28 сентября 2024
16 ноября 2021, 11:51
Федералон трассæ «Кавказ»-ы дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ

Фæндаг иу кæндзæн республикæйыл цæуæг сæйраг трассæтæ, уыимæ Дзæуджыхъæуы иувæрсты

Федералон трассæ «Кавказ»-ы дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ. Фæндаг иу кæндзæн республикæйыл цæуæг сæйраг трассæтæ, уыимæ Дзæуджыхъæуы иувæрсты. Уый фадат ратдзæн, транзитон транспорт кæуыл цæуы, уыцы фæндæгтæ фæуæгъддæр кæнынæн. Куыстытæ хъуамæ фæуой 2024-æм азы онг. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæстондæр.

Фæндаггон кусджытæ лæмбынæг кæсынц фидæны фæндаджы схемæмæ. Уым ирдæй фенæн ис фидæны объекты хуыз. Фынддæс километры фæндаг, æртæ егъау магистралы, нырыккон рухсгæнæгтæ æмæ хъахъхъæнæн мадзæлттæ — ахæм у Цæгат Кавказы егъаудæр фæндаггон арæзтæдтæй иу. Куыстытæ ныртæккæ сты сæ тæмæны.

Æрвылбон Дзæуджыхъæуы уылты Уæрæсе æмæ Гуырдзыйы арæны сæрты ацæуынц дыууын мин машинæйы. Ног фæндаджы нысан у горæты магистралы змæлд фæрогдæр кæнын. Фæндаджы уаддзаг цæудзæн Дзæуджыхъæуы ныгуылæн хайы уылты, райдайдзæнис Архонкæйы фæндагыл æмæ баиу уыдзæнис Мæскуыйы фæндагимæ.

Цыппаррæнхъон фæндаг баиу кæндзæнис республикæйы сæйраг фæндæгтæ, Дзæуджыхъæуыл не ндзæвгæйæ. Уый фæрцы фæтагъддæр æмæ фенцондæр уыдзæнис транзитон транспорты змæлд. Нæ ферох кодтой уæзласæн машинæты шофырты дæр. Æрвылаз сæдæгай уæзласæн машинæтæ фæлæууынц Дзæуджыхъæумæ бацæуыны æмæ фенхъæлмæ кæсынц ацæуыны бармæ. Фæндаджы былгæрон фæцæрынц къуыригай. Ныр уыцы фарста алыг кодтой проекты фæрцы. Ам уыдзæнис æрлæууæн бынат фæлладуадзæн зонæйымæ. Куы йæ саразой, уæд шофырты нал хъæудзæнис фæндаджы былгæрæтты лæууын. Ам иу æнхъæлмæ кæсдзысты, цалынмæ Арвыкомы фæндаг нæ байгом уа, уæдмæ. Ныртæккæ фæндаджы арæзтады фыццаг къæпхæн кæронмæ æрхæццæ кæны. Кусджытæ цæттæ кæнынц сæрмагонд цæджындзтæ. Ацы фæндаджы уаддзагы арæх вæййынц зæххæнкъуыстытæ. Уый тыххæй йæ хъæуы куыд æмбæлы, афтæмæй ныффидар кæнын.

Куыстытæ æххæст кæнынц нысан æмгъуыдæй раздæр. Фæндаггон ведомствæты разамонджыты фембæлды дзырдтой, цæмæй арæзтад 2024 азæй фæхæстæгдæр кæной 2023 азмæ.

Фæндаггон управлени «Кавказы» разамынд  куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хæс сæххæст кæнæн ис, æхца куыд æмбæлы, афтæ куы дих кæной, уæд.

Аразджытæй нæ ферох уыдзысты хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ дæр. Уыдонæн сараздзысты тротуартимæ фæндæгтæ, трассæйы фæрсты та сæвæрдзысты, машинæты уынæр чи мынæг кæндзæн, ахæм фæрæзтæ. Уымæй уæлдай, экологон сыгъдæгдзинад сæххæст кæнынæн сæвæрдзысты фараст сыгъдæггæнæн фæрæзы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania