филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
17 ноября 2021, 12:52
Цæгат Ирыстоны фæстаг рæстæг бирæ хорздзинæдтæ арæзт цæуы адæмы царды æнцондзинадæн

Æхцондзинад та ма хæссы уый, æмæ  Федералон æмæ национ программæты æххуыс кæй хæццæ кæны  хъæутæм

Цæгат Ирыстоны фæстаг рæстæг бирæ хорздзинæдтæ арæзт цæуы адæмы царды æнцондзинадæн. Æхцондзинад та ма хæссы уый, æмæ  Федералон æмæ национ программæты æххуыс кæй хæццæ кæны  хъæутæм. Сæ фæрцы æрмæст быдыры хъæуты нæ фæзынд сывæллæттæн хъазæн фæзтæ, стæй фæлладуадзæн  бынæттæ, фæлæ ма  хохаг хъæуты дæр. Сæ иуыл цин кæнынц Æхсæрысæры цæрджытæ. Æвдисæн сын уыд Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Хъæуы цæрджытæм фæхæстæгдæр кæнын нырыккон гæнæнтæ. Ахæм хъуыдыимæ федералон æмæ националон программæтæм гæсгæ арæзт цæуы бирæ мадзæлттæ.Сæ иу та царды йæ бынат ссардта. Æхсæрысæры фæзынд хи ирхæфсæн фæз. Ахæм хорздзинадмæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ дæр нæ кастысты. Уымæн æмæ ацы ран раздæр уыд цъыфдзаст æмæ дзы исты саразын къухы бафтдзæн, ууыл зын баууæндæн уыд.

Ныртæккæ ацы бынатмæ зæрдæ рухс кæны, сывæллæнттæ дзы  зæрдиагæй сæ рæстæг æрвитынц.

Уæвгæ Æрæфы районы фæстаг цалдæр азы цы хорздзинæдтæ арæзт цæуы, уыдоны фæрцы цæрджытæн сæ бон фæци æнцондæрæй, нырыккон гæнæнтæй пайда кæнгæйæ, цæрын. Федералон программæ «Хъæуккаг территорити иумæйаг райрæзт»-мæ гæсгæ  ма Æрæфы районы бакусынмæ хъавынц æндæр хохаг хъæуты æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ саразыныл.

Цæмæй хохаг хъæуты цæрджытæ фылдæр кæной, уый тыххæй дзы, æнæмæнг, аразын хъæуы нырыккон гæнæнтæ, уавæртæ. Æрæфы районы рæстæджы цыдимæ, уыцы фарстамæ фылдæр æргом здæхт цæуы. Æмæ дзы уый фæрцы азæй азмæ адæмы нымæц кæны фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania