филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
18 ноября 2021, 13:34
Фыййагдоны фæлгæсæн фæз сæхгæдтой быруйæ

Ацы куыстытæ бакодтой, æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ

Фыййагдоны фæлгæсæн фæз сæхгæдтой быруйæ. Ацы куыстытæ бакодтой, æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ. Уымæн æмæ арæх Хъæдæргъæвæны рæсугъддзинад фенынмæ бæлгæйæ, туристтæ æгæр рæбыноз бацæуынц, æмæ уый расайы фыдбылызмæ. Фæлæ быру хъуыддаг аивта, æви нæ, уый зын зæгъæн у. Уымæн æмæ æрдзы бынатмæ бацæуæн сси нарæгдæр. Куыд ис ацы фæз æцæгæйдæр сæдас кæнын, уыимæ ландшафт ма аивын, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Фыййагдоны сæргълæууæг йæхæдæг хъахъхъæны туристты. Ацы ран бирæты бафæнды бынаты рæсугъддзинад лæмбынæг фенын. Хистæртæ ма хъуыды кæнынц дыууæ хохы астæу цæугæдонмæ ныккæсын кæй бафæндыд, уыдонæй чидæртæ æфцæгæй куыд ахауыдысты, уый.

Фæстаг рæстæг былццæтты нымæц зынгæ фæфылдæр. Уымæ гæсгæ бынæттон цæрджытæ тыхсынц туристты æдасдзинадыл.

Хъæуы сæргълæууæгæй ракуырдтой, цæмæй уый фарста раиртаса. Администрацийы кусджытæ бадзырдтой республикæйы фæндæгты комитетмæ æмæ трассæйы иувæрсты сæвæрдтой æфсæн быру, фæлæ уый нæ уромы адæм.  Бахизынц æмæ цæугæдоны былмæ ныццæуынц уынгæг къахвæндагыл. Сæ сæйраг нысан – сисын рæсугъд къам.

Блогер Алина Акоеффы хъуыдымæ гæсгæ ацы быруйæн ам бынат нæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы æрдзон цыртдзæвæнмæ бацæуæны бар уа алкæмæн дæр. Уыимæ туристты æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ хъуамæ хæлд ма æрцæуа йæ бынаты хуыз.

Фыййагдоны сæргълæууæг разы у Алинæйы хъуыдыимæ. Æфсæн быру у æдасдзинады рæстæгмæ амал.

Республикæйы туризмы комитеты æрдзон цыртдзæвæны рæсугъддзинад фенын кæй фæнды, уыдон хъуамæ  зындзинæдтæ ма æййафой, бынат феныны хъуыддаджы. Сæ æдасдзинадæн дзы саразын хъæуы асинтæ æмæ  бацæуæнтæ.  Ныртæккæ  ведомствæйы кусынц туристтæ фылдæр цы бынæттæм цæуынц, уыдон рацаразыны пъланыл. Хаст æм æрцæудзæн ацы бынат дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania