филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
18 ноября 2021, 13:38
Цæгат Ирыстоны ацы азы кæронмæ бындурон цалцæг скæндзысты 57 бирæуæладзыгон хæдзары

Ныртæккæ уал дзы сцæттæ ис 21

Цæгат Ирыстоны ацы азы кæронмæ бындурон цалцæг скæндзысты 57 бирæуæладзыгон хæдзары. Ныртæккæ уал дзы сцæттæ ис 21. Куыстытæ цæуынц Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад куыд зæгъы,  афтæмæй фаронимæ абаргæйæ, бындурон цалцæг кæй кæнынц, уыцы хæдзæртты бæрц сырæзт дыууæ хатты. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ цæст дарынц бирæуæладзыгон хæдзары хистæртæ, бæрнон цæрджытæ æмæ капииталон цалцæджы республикæйы фонды минæвæрттæ. Подрядон компани дæтты фондз азы гаранти йæ куыстæн. Уыцы æмгъуыдмæ исты къуылымпыдзинад куы æрцæуа, уæд сæ аиуварс кæндзæн йæхи тыхтæй. Ведомствæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæны — бындурон цалцæгæн фиддонтæ цас тагъддæр бафидой, уыйбæрц тагъддæр алы хæдзармæ дæр æрхаудзæн  цалцæджы рад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania