18 ноября 2021, 13:39
Куыст цæуы Мæздæджы къох саив кæныны уникалон проектыл
Иу мадзалы пайда кæнынц программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æмæ грантты конкурс «Уæрæсейы чысыл горæттæ»-йы фæрæзтæй
Куыст цæуы Мæздæджы къох саив кæныны уникалон проектыл. Иу мадзалы пайда кæнынц программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æмæ грантты конкурс «Уæрæсейы чысыл горæттæ»-йы фæрæзтæй. Ног аллейæтæ, цырæгътæ, сценæ, цалдæр фæлладуадзæн фæзы, пляж – рацарæзты программæ у егъау, æмæ уымæ гæсгæ конд цæуы къæпхæнгай. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперттæ федтой, абоны бонмæ цы конд æрцыд, уый, стæй ма проекты фæлгæты цы саразын хъæуы, уыдæттæ. Æхсæнадон минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ бынат адæмы зæрдæмæ цæуы, у æнæбафæзмгæ йæ масштабæй, йæ лæггæдтæй. Къох у мæздæггæгты бирæ фæлтæрты уарзон бынат. Чысыл дзы нæй спортсментæ дæр.
темæмæ гæсгæ