филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
18 ноября 2021, 13:44
Рауагъдад «Иры»-ы рухст федтой Ирыстоны фысджыты уацмыстæ

Сæ саразыныл бакуыста фыссæг, литературон аивадон журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор Скъодтаты Эльбрус

Ирыстоны хæзнадон та фæхъæздыгдæр ног сарæзт чингуытæй. Рауагъдад «Иры»-ы рухст федтой Ирыстоны фысджыты уацмыстæ. Сæ саразыныл бакуыста фыссæг, литературон аивадон журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор Скъодтаты Эльбрус. Ходы Камалы  драмæты æмбырдгонд æмæ Малиты Васойы роман «Сурмейы хæдзар». «Сурмейы хæдзар» дыгуронау цæмæй рацæуа, уымæ тынг бæллыд йæ автор. Фæлæ йын нæ бантыст йæ фæндон царды фенын. Рæстæджы фæстæ йын йæ хъуыдыйыл бакуыста Скъодтаты Эльбрус. Ратæлмац æй кодта, æмæ йæ балæвæрдта рауагъдадмæ. Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, кæд уæдæй авд азы рацыд, уæддæр ыл, уæд куы нæ бакуыстаид, уæд æй абон чиныджы хуызы нæ федтаид Малиты Васойы сфæлдыстад кæсæг .

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania