филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:14 суббота, 28 сентября 2024
24 ноября 2021, 13:20
Дзæуджыхъæуы Владикавказскийы уынг нымад у, машинæтæ æппæтæй фылдæр кæм вæййы, ахæм бынатыл

Фæлæ дзы цалдæр уаццаджы æнæ цæлхдуртæй ацæуæн нæ вæййы

Дзæуджыхъæуы Владикавказскийы уынг нымад у, машинæтæ æппæтæй фылдæр кæм вæййы, ахæм бынатыл. Фæлæ дзы цалдæр уаццаджы æнæ цæлхдуртæй ацæуæн нæ вæййы. Иуæй – фæндаджы уавæр у æвзæр, иннæмæй та дзы арæх, кæм не мбæлы, уым скæнынц машинæтæн æрлæууæн бынæттæ. Уæдæ арæх шофыртæ дæр сæвзæрын кæнынц тæссаг уавæртæ.  Куыд ис ацы фарста алыг кæнæн, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар Гуытъиаты Алинæйæн.

Фæндагыл кæд къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ нæй, уæд æй фæндагыл дæр нæ нымайæм — хъазгæмхасæн фæзæгъынц маршуткæты шофыртæ.  Владиказскаяйы уынг  у нæ горæты сæйраг транспортон магистралтæй иу. Цæуы дыууæ базары уылты, стæй дæрддзæф районты рæзты. Хъуамæ уыцы фæндагмæ уа æдзухдæр цæстдард, фæлæ Владикавказскийы уынджы æддаг бастмæ гæсгæ афтæ ничи зæгъдзæн.

Кæддæр ацы ран сæвæрдтой егъау хæтæл. Уелейы йæ бампъызтой, фæлæ куыд фæстæдæр афтæмæй боныхъæды тыххæй асфальт базгъæлæнтæ. Ныр йæ бынаты ис егъау дзыхъ. Хъуамæ уай дæсны шофыр, цæмæй йæ рæзты æдасæй ацæуай, уый тыххæй.

Уынджы уавæрыл хъаст кæнынц шофыртæ. Хаттæн цæмæй дзыхъхъы алыварс ацæуай, уый тыххæй хъæуы стыр дæсныдзинад равдисын. Владикавкаскийы уынджы бæсты æндæр фæндагыл дæр нæ ацæудзынæ, уæлдайдæр дæ базармæ куы хъæуа, уæд.

Кæд уынджы райдиан фæндаг нæ бæззы, уæд Аланы базары раз та æрлæууæн бынæттæ нæ фаг кæны. Маршруткæйы шофыртæ бауромынц кæм не мбæлы, ахæм бынæтты æмæ къуылымпы кæны фæндаджы змæлд. Уыйимæ ма бирæтæ нæ нымайынц светофоры нысантæ, фистæгæцæуæн фæндæгтæ, шофыртæ та сæ машинæтæ æгæр тæрынц. Уый тыххæй арæх æрцæуынц фæндаггон фыдбылызтæ.

Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй Владикавказскийы уынг нымад у фæндаггон управленийы фыццаградон объекттæй иуыл.

Ныртæккæ горæты администрацийы аразынц иннæ азмæ фæндæгты цалцæджы пълан. Æнцой кæндзысты цæрджыты фиппаинæгтæ æмæ экспертты амынддзинæдтыл. Владикавказскийы уынг бахауд уыцы программæмæ. Тагъд рæстæг, пълан куы сфидар кæной, уæд райдайдзысты рацарæзты проектыл кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania