филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
24 ноября 2021, 13:50
Психологы дæсныйады ахадындзинад ахсджиаг у алы къабазы дæр

Нæ дарддæр æрмæджы та нæ фæнды психологы дæсныйады ахадындзинад раргом кæнын. Куыд ахсджиаг вæййы йæ афойнадыл зæрдæмæ хъаргæ ныхас, амынддзинад. Бæстондæр нын Сосранты Жаннæ ракæндзæн æнæнхъæлæджы цауты кусæг психолог  Хъантемыраты Таисияйы арæхсджын куысты кой.

Æнæнхъæлæджы цауы рæстæг адæмы тас фæкъаддæр кæны, баххуыс сын кæны сæ рухс фидæныл баууæндынмæ.  Цалынмæ йе мкусджытæ æнæнхъæлæджы уавæры бахауджытæн фыццаг медицинон æххуыс кæнынц, уæдмæ Хъантемыраты Таисия та дзæбæх кæны адæмы удыхъæд. Йæ цард дыууæ хайы кæмæн фæци – зын уавæры размæ æмæ йæ фæстæ, уыдоны  аккаг ныхæстæ æдзухдæр ссардзæн, йæ цæст æм фæдардзæн. Кусгæ сын рауайы, куыд фæндаггон фыдбылызты рæстæг, афтæ зынгсирвæзты æмæ æндæр æнæнхъæлæджы цауты рæстæг.

Уæлдай зындæр вæййы кусын æнæнхъæлæджы уавæры хиуæттæ куы бахауынц, уæд, уыдонимæ. Ахæм цау æрцыд Таисияйыл дæр. Артагласæн машинæ ныццавта æндæр хæдтулгæ. Таисия бынатмæ куы æрбахæццæ, уæд рабæрæг йæ хæстæг дзы кæй бахауд.

Фæндаггон трагикон цауæй уæлдай ма, вæййы ахæм уавæртæ, кæцытæй ис рацæуæн æдасдæрæй.  Афтæ Таисия куыста  фæндаггон фыдбылызы бахауджытимæ, кæцыты хсæн уыд сывæллон. Уæвгæ сывæллоны психикæ æнцондæр тасæн у, зæгъынц специалисттæ.

Психологтæ канд æнæнхъæлæджы цауы бынаты нæ кусынц.  Баххуыс кæныц се мкусджытæн  сæ нервыты системæ фæфидардæр кæнынæн. Уый тыххæй куыстуаты ис сæрмагонд психологон  уат.  Специалисттæ феххуыс уыдзысты куыстыл  тыхст фæкъаддæр кæнынæн, стæй хи зæрдæхсаинаг хъуыддæгтæ раиртасынмæ дæр. Уыимæ канд дзырдæй нæ.

Æнæнхъæлæджы цауы рæстæг хъыгдардбаййафæгæн, йæ хæстæджытæн баххуыс кæнынæн хъæуы канд стыр фæлтæрддзинад нæ, фæлæ ма дзы бавæрын хъæуы хи уды хай. Психологты дæр, æнæмæнг, фæхъæуы фарсхæст. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй уыдонæн  та хъару дæдтынц сæ куысты фæстиуджытæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania