филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
02 декабря 2021, 11:40
Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы 51-æм бирæуæладзыгон хæдзары уавæр хуыздæртæй не схондзынæ

Йæ цæрджытæ тыхсынц, бæстыхай ныккæлыны ввонг кæй у, уымæй

Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы 51-æм бирæуæладзыгон хæдзары уавæр хуыздæртæй не схондзынæ. Йæ цæрджытæ тыхсынц, бæстыхай ныккæлыны ввонг кæй у, уымæй. Суанг ма цалдæр фатеры нæй рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Къултæ та згъæлынц алы змæлдæй дæр. Хæдзары цæрджытæн сæ фарста алыг кæнын сæхи хъарутæй нæу. Курдиат балæвæрдтой бынæттон администрацимæ. Цавæр дзуапп райстой, æмæ куыд ис уавæрæй рацæуæн, уый тыххæй радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Æнæ рудзгутæй æмæ дуæрттæй цæрæнуат. Кæддæр та дзы уыд хъарм хуыссæн уат, мысынц хæдзары цæрджытæ.  Ныр, бинонтæ цæрынц гыццыл цæлгæнæны. Иннæ уæттæй нæ пайда кæнынц – тæссаг у сæ цар куы ркæла, уымæй. Сæхи хъарутæй сæ хъавтыдысты срæвдз кæнын, фæлæ уавæр ноджы февзæрдæр.

Татьяна Симбирская ацы хæдзары цæры  1960-йæм азæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй хæдзары сæр фарстайаг сси 20 азы размæ.  Ныр та, æнусы кар бæстыхай райдыдта алырдыгæй хæлын. Фæзынд дзы зыхъхъыртæ, уыимæ канд йæ фæрстыл нæ, фæлæ ма йæ бындурыл дæр. Йæ цæрджытæ тæрсынц, хæдзар куы ныккæла, уымæй. Адæппæтæй дзы ис 30 фатеры.

Дзæуджыхъæуы администрацийы загътой, хæдзар кæлæддзагыл нымад кæй у, фаронæй. Фæлæ йæ царджытæн æндæр цæрæнуæттæ раттынæн фадат  нæй. Горæты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады хайады хицау Гуыбаты Умары ныхæстæм гæсгæ, адæмæн сæ бон у æмдзæрæны уат райсын.

Администрацийы ма куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Марковы уынджы  51-æм хæдзары цæрджыты коммуналон лæггæдтæн фидын нæ хъæуы.  Абоны  бонмæ Дзæуджыхъæуы ис 39 бирæуæладзыгон хæдзары, кæлæддзаг уавæры чи ис, ахæмтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania