филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
08 декабря 2021, 13:28
Мæздæджы районы сæйраг аргъуаны кадджын ардбахæрды процедурæ ацыдысты хъазахъхъæгты

Горæты хъазахъхъаг æхсæнады 40 уæнгæй фылдæр æрæмбырд сты ацы бон, цæмæй бацархайой ахæм зæрдылдарæн цауы

Мæздæджы районы сæйраг аргъуаны кадджын ардбахæрды процедурæ ацыдысты хъазахъхъæгты. Горæты хъазахъхъаг æхсæнады 40 уæнгæй фылдæр æрæмбырд сты ацы бон, цæмæй бацархайой ахæм зæрдылдарæн цауы. Кадджын æмбырды архайдтой æвзонг хъазахъхъæгтæ æмæ сæ хистæр æмбæлттæ. Уæлдай ахсджиаг нысан уыд – хъазахъхъæгты тырыса куы рахастой, уæд. Æрыгон фæлтæрæн раарфæ кодтой атамантæ – Мæздæджы хъазахъхъаг æхсæнадты разамонджытæ. Фæлтæрдджын хъазахъхъæгтæ ныр бирæ азты дæргъы фæсивæды ахуыр кæнынц чырыстон дины бындуртыл, æфсæддон хъуыддаджы сæйрагдæр хъуыддæгтыл, хъазахъхъæгты историйыл. Уымæй дарддæр сын се ргом здахынц сæ адæмы æгъдæуттæм æмæ традицитæм. Æвзонг хъазахъхъæгтæн зæрдæбын арфæтæ ракодта Мæздæджы районы аргъуанты зылды протоиерей Артемий Пономаренко. Дины кусæгæн сæ зæрдæ загъта Динæн æмæ Фыдыбæстæйæн æгæрон лæггад кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania