филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:47 воскресенье, 01 февраля 2026
10 декабря 2021, 11:50
Æрыгон специалисттæ райстой фæйнæ милуан сомы

Ацы аз Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæн сертификаттæ радтой 30 адæймагæн

Æрыгон специалисттæ райстой фæйнæ милуан сомы. Ацы аз Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæн сертификаттæ радтой 30 адæймагæн. Афтæмæй сын паддзахад æххуыс кæны ипотекæйы кредиты хай бафидынæн. Ахæм ахадгæ æххуысыл сæ зæрдæ дарыны бон у ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ культурæйы кусджытæн. Æрмæст, 40 азæй къаддæр кæуыл цæуы, ахæм специалисттæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Браты Камиллæ ныртæккæ æнæвдæлон у. Зæрдиагæй агуры йæхицæн хæдзар. Уыдон æхсызгон хабæрттæ сты, фæлæ сыл рæстæг бирæ цæуы — зæгъы чызг. Хæдзар балхæнын се нцонгæй нæу, фæлæ архайын хъæуы. Ныридæгæн уал æрыгон бинонтæ скодтой фыццаг къахдзæф сæ бæллицмæ. Камиллæ кусы театр «Сабийы», æмæ архайы ипотекæйы кредит фæкъаддæр кæныны  республикæйы программæйы. Æрæджы йын радтой сертификат иу милуан сомæн.

Уыцы æхцатæн сæ иу хай ратдзысты фыццаг фиддоны хуызы. Иннæтæ та æнæуый бафиддзысты. Ахæм æххуысы фæрцы  тагъд рæстæг æрыгон бинонтæн сæ бæллиц сæхи фæндиаг сæххæст уыдзæнис.

Браты Камилæ ныр æхсæз азы кусы театры. Æрыгон ныййарæг цæ цардæмбал æмæ дыууæ сывæллонимæ цæры иууатон фатеры. Ахæм уавæрты бинонтæ бæгуыдæр тыхсынц.

Ныртæккæ Камиллæ йæ къордимæ цæттæ кæны ногбонты равдыст.   Чи зоны æмæ Митын Дадайы чызг йæ зæрдиаг лæвар ногбонты агъоммæ хуымæтæджы  нæ райста. Ног азы къæсæрыл арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Моргуаты Константин дыууадæс æрыгон специалисты схорзæхджын кодта цæрæнуæтты сертификаттæй. Программæ сарæзтой республикæйы сæргълæууæджы фæндонмæ гæсгæ. Раздæр йæ фæрцы æрыгон бинонтæн лæвæрдтой цыппарсæдæ сомы, фæлæ уæд йæ архайджыты нымæц бирæ нæ уыд. Фарон æххуысы бæрц фæфылдæр кодтой иу милуан сомы онг. Йæ архайджытæ сты, ахуырад, æнæниздзинадхъахъхъæнынад æмæ культурæйы къабазы кусджытæ, стæй хъæуты чи фæллой кæны, уыцы специалисттæ. Программæйы домæнмæ гæсгæ архайджытыл хъуамæ цæуа цыппор азы онг.

Ног цæрæнуат хъуамæ программæйы архайджытæ балхæной авд мæйы дæргъы. Ноджы ма иу вазыгджын домæн — специалисты цæрыны уавæртæ хъуамæ уой фæхуыздæркæнинаг.

Ацы аз арæзтады министрад радих кодта æртын сертификаты æрыгон специалисттæн. Бонæй бонмæ рæзы, программæйы архайын кæй фæнды, уыцы адæмы нымæц. 2023 азы уыцы куыст дарддæр ахæццæ кæндзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania