филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
16 декабря 2021, 10:48
Ног трамвай рацыдис Дзæуджыхъæуы фæндæгтæм

Вагон фæлварынц горæты инфраструктурæйы

«Уралтрансмашы» трамвай рацыдис Дзæуджыхъæуы фæндæгтæм. Ног вагон фæлварынц горæты инфраструктурæйы. Трамвай нæ республикæмæ ссыд ацы бонты. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй транспортон фæрæз фæлвардзысты цалдæр боны дæргъы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — вагон у конд нырыккон æрмæджытæй, йæ салон та у уæрæх æмæ æнцонархайд.  Компанийы куыд бамбарын кодтой,  афтæмæй трамвай ног нæу, фæлæ уæ уавæр у иттæг хорз. Вагон у фидар, æмæ йын стыр аргъ кæнынц куыд эксплуатацигæнæг компанитæ, афтæ бæлццæттæ дæр. Нырыккон горæты уавæрты ахæм трамвайтæ сты уæлдай ахадгæдæр, уымæн æмæ дзы ис фадæттæ, сæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн. Вагон сарæзтой 2010 азы. Баиу æй кодтой ГЛОНАССы системæмæ, ис дзы хъæрæйдзурæнтæ æмæ æмæ æндæр фæрæзтæ. Ахæм вагонтæй пайда кæнынц Екатеринбурджы, Коломнæйы, Хъазаны, Санкт-Петербурджы æмæ æндæр горæтты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania