филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
30 декабря 2021, 11:47
Рæстæг цæуы, фæлæ Диана Айтовайы цæрыны уавæртæ нæ ивынц

Афæдзы размæ не сфæлдыстадон къорд уазæгуаты уыди, кæлæддзаг хæдзары чи цæры, ахæм бинонтæм

Рæстæг цæуы, фæлæ Диана Айтовайы цæрыны уавæртæ нæ ивынц. Афæдзы размæ не сфæлдыстадон къорд уазæгуаты уыди, кæлæддзаг хæдзары чи цæры, ахæм бинонтæм. Дыууæ сывæллоны мад æнæ хъарм донæй, æмæ уазалы цæры 15 квадратон метры агъуысты. Хъармгæнæн системæйы бæсты – зæронд пец. Вентиляци та дзы уæвгæ дæр нæй. Сылгоймаг рады лæууы социалон цæрæнуат райсынмæ. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Иу азмæ Дианæ Айтовайы хæдзары ницы ивддзинæдтæ рцыд. Куыд раздӕрау, афтӕ ныр дӕр иууатон фатер, ӕрмӕст йӕ цӕрыны уавӕртӕ февзӕрдӕр сты. 15 квадратон метрыл цӕрынц ӕртӕ адӕймаджы. Фондз азы размӕ ацы зӕронд бӕстыхай банымадтой аварийоныл, бинонты та фӕкӕсынхъуагыл. Дианӕйы бахастой, цӕрыны уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыцы адӕмы хыгъдмӕ, фӕлӕ йӕм рад ӕппын нал хӕццӕ кӕны. Фарон Дианӕ хъӕстмӕ бацыд тӕрхондонмӕ.

Тӕрхондоны бардзырд сӕххӕст кӕнын горӕты администраци нӕ тагъд кӕны. Рӕстӕг цӕуы, хӕдзар зӕронд кӕны. Ацы ран Диана Айтова цӕры йӕ сывӕллӕттимӕ. Ныртӕккӕ ӕппӕты тынгдӕр тыхсы уыдоны ӕдасдзинадыл.

Сылгоймаг йӕ бартыл дзуры ныфсджынӕй. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй домы ӕрмӕстдӕр ын закъонмӕ гӕсгӕ цы ӕмбӕлы, уый. Йӕ фарста алыг кӕныны охыл Дианӕ бахатыд суанг бӕстӕйы президентмӕ. Фӕлвӕрста республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ горӕты разамонӕгимӕ фембӕлын дӕр.

Горӕты администрацийы загътой, Дианӕ Айтова хыгъды кӕй лӕууы, фӕлӕ йӕм рад нырма тагъд не рхаудзӕн. Специалисттӕ куыд зӕгъынц афтӕмӕй рады чи лӕууы, уыцы адӕмы бартӕ дӕр ӕххӕстгӕнинаг сты.

Дианӕйӕн хӕдзар кӕд ратдзысты, уый тыххӕй йын администрацийы бӕлвырд дзуапп нӕ дӕттынц. Зымӕг ралӕууыд ӕмӕ сылгоймаджы тыхстытӕ фӕфылдӕр сты. Ныртӕккӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй агъуыст схъарм кӕной ӕмӕ сывӕллӕттӕ ма суазал уой. Чызджытӕ та дарддӕр бӕллынц ног цӕрӕнуатмӕ.

Дианӕ йӕ цоты йӕхӕдӕг хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕны. Уыцы иу рӕстӕг архайы йӕхи тыхтӕй кусын дӕр – сылгоймӕгтӕн кӕны маникюр. Кӕд ын куыст ӕдзухдӕр нӕй, уӕддӕр цы ӕхца кусы, уыдон сын къӕбӕры фаг сты. Сӕ бинонтӕ бирӕ цӕмӕйдӕр тыхсынц, фӕлӕ Дианӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ цӕрӕнуатыл тох кӕндзӕн дарддӕр. Сӕйрагдӕр та хъавы йӕ цоты бахъахъхъӕныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania