филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
11 января 2022, 11:31
Мæздæджы сæйраг фæзы арæзт æрцыд бæрæгбоны стыр концерт

Ансамбль «Терцы»-йы артисттæ та Цыппурсы бæрæгбон саив кодтой зарджытæй æмæ кæфтытæй

«Цыппурсмæ ссудз мыдадзын цырагъ». Афтæ схуыдтой бæрæгбоны стыр концерт. Арæзт æрцыд Мæздæджы сæйраг фæзы. Чырыстон дины сæйрагдæр бæрæгбоны фæдыл адæмæн раарфæ кодтой Мæздæджы районы аргъуанты зылды разамонæг Артемий Пономаренко æмæ бынæттон администрацийы сæргълæууæг Олег Яровой. Ансамбль «Терцы»-йы артисттæ та Цыппурсы бæрæгбон саив кодтой зарджытæй æмæ кæфтытæй. Афтæмæй сценæйы равдыстой цыппурсы традицион фæткы инсценировкæ. Концерты архайдтой районы культурæйы галуаны стæй хъæуты артисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania