филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:21 суббота, 28 сентября 2024
19 января 2022, 13:00
Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы районы цæрæн хæдзæртты æмæ медицицнон куыстуæтты сæвæрдтой 100 лифты

Ныртæккæ уал кусынц тесты хуызы

Æнцонвадат, æмæ æнæ уæлдай уынæрæй. Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы районы цæрæн хæдзæртты æмæ медицицнон куыстуæтты сæвæрдтой 100 лифты. Ныртæккæ уал кусынц тесты хуызы. Нырыккон лифтытæ ифтонггонд сты фотобарьерæй, хъæрæйдзурæнтæй æмæ рухсытæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Галинæ Карягинæ зæрдиагæй цин кæны ног лифтыл. Куыд зæгъы, афтæмæй зæронд лифт æгæр уынæр кодта, уæлдайдæр та æхсæвы. Хаттæн иу сылгоймаг йæ хъусты къæрмæджытæ бавæрдта. Галинæ цæры фарæстæм уæладзыджы, æмæ ныр тæккæ куыд дæлæмæ, афтæ уæлæмæ цæугæйæ исы æрмæст æхсызгон æнкъарæнтæ.

Лифт баивтой ног азы агъоммæ. Алы ифтонгарзы дæр ис æдасдзинады системæ – цалынмæ адæймаг мидæмæ не рбахиза, уæдмæ дуæрттæ нæ бахгæндзысты. Лифты ис рухсгæнæнтæ, хъæрæйдзурæнтæ — иудзырдæй æппæт гæнæнтæ адæймаджы удæнцойæн. Иу лифты цæуы фондз адæймаджы фæлæ сæ иумæйаг уæз хъуамæ цыппарсæдæ килограммæй фылдæр ма уа.

Ног лифтытæ нырма кусынц тесты фæткы. Уæрæсейы техникæмæ цæстдарды службæ хатдзæг куы рахæсса, уæд сæ уыдзæнис пайда кæнын куыд æмбæлы, афтæ.

Æдæппæтæй республикæйы сæвæрдтой сæдæ лифты, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ Мæздæджы дæр. Техникæйы эксплуатацийы æмгъуыд у дыууын фондз азы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — ног лифтытæ нæ республикæйы фæзындысты Сергей Меняйло æмæ Карачаровы номыл машинæаразæн заводы хицау Дзиуаты Алыксандры бадзырды фæрцы. Ног ифтонгарз нæ республикæйæн радтой лæвар.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania