филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:20 суббота, 28 сентября 2024
19 января 2022, 13:03
Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинæйы рухс ном æрымысыдысты Намысы Аллейæйы

26 азы рацыд, Алыксандр куы фæмард, уæдæй

Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинæйы рухс ном æрымысыдысты Намысы Аллейæйы. 26 азы рацыд, Алыксандр куы фæмард, уæдæй. Кадджын мадзалы архайдтой  58-æм æфсады службæгæнджытæ, фæсивæды хъуыддæгты æмæ спорты комитеты минæвæрттæ, скъоладзаутæ. Минут æдзæмæй алæууыны фæстæ сæвæрдтой дидинджытæ хъæбатыры цыртдзæвæныл. 18-æм скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты арфæйы æмдзæвгæтæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Дзæуджыхъæуы 18-æм скъола кæй хæссы  Александр Стыцинæйы ном. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 1996 азы 58-æм æфсады агурæн-сгарæн хайады хицау Александр Стыцинæ фæмард Цæцæны  Первомайскийы хъæу суæгъд кæныны тохы. Уым сæхи æмбæхсынмæ хъавыд  Салман Радуевы фыдгæнджыты къорд.  Уæрæсейаг булкъон йе фсæддон хæс сæххæст кодта, йæ цард ратгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania