филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:18 воскресенье, 01 февраля 2026
24 января 2022, 12:17
Ансамбль «Алан» æмæ бæхты театр «Нартæ» зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц сæ материалон-техникон фарстатæ алыг кæнынмæ.

Коллективтимæ фембæлд республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Ансамбль «Алан» æмæ бæхты театр «Нартæ» зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц сæ материалон-техникон фарстатæ алыг кæнынмæ. Коллективтимæ фембæлд республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Кусæг балцы йемæ уыд вице-премьер Тугъанаты Ларисæ дæр. Иууылдæр æрныхас кодтой сæ ахджиагдæр хъуыддæгтыл. Уыдон та сты: репертуар фæхъæздыгдæр кæнын, ног уæлæдарæс бахуыйын, кусджыты хыгъд фæфылдæр кæнын æмæ концертон кусæнгæрзтæ самал кæнын. Уæвгæ, дыууæ коллективмæ дæр æркæсинаг фарстатæ бирæ ис. Кæд райдайдзысты хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Дзанайты Барис «Аланмæ» æрбацыæ репетицийы рæстæг. Ныхас уайтагъд бацайдагъ ансамблы риссагдæр фарстатыл. Чи фæуыдзæн нымад сфæлдыстадон къорды хъуагдзинæдтæ? Материалон-техникон бындур у ивинаг, агъуыстытæ та домынц бындурон цалцæг. Баивын хъæуы вентиляцион æмæ хъармы системæтæ.

Паддзахадон ансамблы кусынц 118 адӕймаджы. Уыдонӕй 80 сты сфӕлдыстадон кусджытӕ. Ныртӕккӕ репертуары ис 30 номыры. 84 азы дӕргъы «Алан» нымад уыдис Ирыстоны ирд нысаныл, ӕмӕ бацархайын хъӕуы цӕмӕй ныртӕккӕ ансамбль цы зындзинӕдтӕ ӕвзары, уыдон йӕ кадыл ма фӕзыной. Ӕппӕты фыццаг та сӕ хъӕуы концертон ног уӕлӕдарӕс ӕмӕ автобус.

Ансамблы фарстатӕ хъуамӕ алыг кӕна райрӕзты программӕ. Сарӕзтой йӕ Сергей Меняйлойы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ бахастой Культурӕйы райрӕзты паддзахадон программӕмӕ. Техникон хӕслӕвӕрдыл ныридӕгӕн кусынц культурӕйы министрады. Февралмӕ та сцӕттӕ уыдзӕнис проектон деклараци. Ахӕм ивддзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц бӕхты театр Нартмӕ дӕр. Ӕртын азы дӕргъы театры бӕстыхайы ницы аивта. Афтӕмӕй йӕ территорийы фӕзуат у дыууӕ гектары ӕмӕ рдӕг.

Декорацитӕ ӕмӕ гриммеркӕтӕ, стӕй ног бӕхдонӕй уӕлдай, театры хъӕуы ног бӕстыхай дӕр. Ног сценӕйы фӕрцы фӕуӕрӕхдӕр уыдзысты сфӕлдыстадон къорды авналӕнтӕ. Афӕдз ӕмӕ рдӕджы размӕ театрӕн фӕзынд ног ангар тренировкӕтӕн. Нырма уал спектакльтӕ ӕвдисынц уым.

Ног бӕстыхайы уыдзӕн бынат 500 адӕймагӕн. Уымӕй уӕлдай дзы сараздзысты арвы бын фӕз дӕр. Территорийы фӕзындзӕн национ арт-объекттӕ, стӕй ӕрмдӕсныты ӕрмадзтӕ. Уыдонимӕ ма театры исбонады фӕзындзӕн ног рухсгӕнӕнтӕ ӕмӕ музыкалон ифтонгарз, стӕй сӕрмагонд транспорт бӕхтӕ ласынмӕ. Ацы аз специалисттӕ бакусдзысты проектыл, иннӕ аз та рвйдайдзысты арӕзтад.

Уыцы ивддзинӕдтӕ куы рцӕуой, уӕд фӕфылдӕр уыдзӕнис артистты нымӕц дӕр. Нырма уал сфӕлдыстадон къорды ис 20 адӕймаджы. 2023 азмӕ хъуамӕ театр суа нырыккон комплекс аив территорийымӕ. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстӕм – «Алан» ӕмӕ «Нарты» рацарӕзты программӕтӕ ӕрхъуыды кодтой, августы сӕ Сергей Меняйло куы бабӕрӕг кодта, уый фӕстӕ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania