25 января 2022, 12:44
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци «Балæвар кæн чиныг сывæллонæн»
Сæрмагондæй уыд сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы сабитæн арæзт
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци «Балæвар кæн чиныг сывæллонæн». Сæрмагондæй уыд сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы сабитæн арæзт. Йæ саразыныл бакуыстой Цæгат Ирыстоны фæсивæдон Парламенты уæнгтæ æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад. Хæрзаудæн акци саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, дзы бацархайын бирæты фæндыд. Адæм хастой алыхуызон литературæ: райдай дунейы зындгонд уацмыс Гарри Поттерæй, æмæ космосы тыгъдад фыццаг чи басгæрста, уый тыххæй фыст чиныгæй фæуы. Ахæм акцитæ аразыны хъæппæрис æххæст кæндзысты дарддæр дæр.
темæмæ гæсгæ