25 января 2022, 13:08
Ульяна Гончаровайы равдыст байгом Цæгат Ирыстоны Национ музейы
Аивадуарзджыты размæ рахаста 70 куыстæй фылдæр
«Царды ахорæнтæ». Ахæм равдыст байгом Цæгат Ирыстоны Национ музейы. Йæ автор у Ульяна Гончарова. Аивадуарзджыты размæ рахаста 70 куыстæй фылдæр. Се ппæт дæр арæзт æрцыдысты фæстаг 12 азмæ. Конд сты нывкæнынады техникæйы. Экспозицийы уазджытæн фадат ис хæххон æмæ горæтаг пейзажтимæ базонгæ уæвынæн. Уыимæ алы жанрты композицитимæ æмæ авторы эксперименттимæ. Ульяна Гончарова куыд зæгъы, афтæмæй равдыстытæ бирæ уарзы. Уымæн æмæ афтæмæй æнцондæр у аивадуарзджытимæ ныхас кæнын, æмæ сын се нкъарæнтæ базонын. Уый та алы нывгæнæгæн æмæ сфæлдыстадон адæймагæн тынг ахсджиаг у.
темæмæ гæсгæ




