филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 суббота, 28 сентября 2024
01 февраля 2022, 12:02
Мæздæджы районы кадджын уавæры лæвæрд æрцыдысты ног æвдисæндартæ

Афтæмæй хъазахъхъаг æхсæнады рæнхъытæ фæфылдæр стыр 40 адæймагæй

Мæздæджы районы кадджын уавæры лæвæрд æрцыдысты ног æвдисæндартæ. Афтæмæй хъазахъхъаг æхсæнады рæнхъытæ фæфылдæр стыр 40 адæймагæй. Мадзал арæзт æрцыд Мадымайрæмы аргъуаны. Нырæй фæстæмæ официалон æгъдауæй хъазахъхъаджы ном хæсдзысты куыд хистæртæ, афтæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр. Кадджын æмбырды архайдтой аргъуаны кусджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй æвзонг хъазахъхъæгты ныййарджытæ. Мæздæджы хъазахъхъæгты æхсæнады хъарутæй ма ам арæзт æрцыд сывæллæтты отряд дæр. Уым лæппуты æмæ чызджыты ахуыр кæнынц рæнхъытæй раст цæуыныл, хæцæнгарзæй архайыныл стæй чырыстон дины æмæ хъазахъхъæгты историйы бындуртæ ахуыр кæныныл. Æппæты кæстæртæн æххуыс кæнынц сæ хистæртæ. Бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй, æхсæнады уæнгтæн кадджын уавæры радтой хæрзиуджытæ. Афтæ 12 адæймаджы нырæй фæстæмæ хæсдзысты командон хыгъды кæстæр цинты нæмттæ. Уымæй дарддæр арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодтой ныййарджыты дæр, рæзгæ фæлтæры алывæрсыг хъомыладыл кæй архайынц, хъазахъхъаг традицитæ хынцгæйæ, уый

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania