филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 воскресенье, 29 сентября 2024
15 февраля 2022, 14:44
Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой журнал Мах Дуджы фыццаг дунеон премийы лауреатты

Конкурсы къамисы размæ рахастой 350 куысты 116 авторæй

Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой журнал Мах Дуджы фыццаг дунеон премийы лауреатты. Конкурсы къамисы размæ рахастой 350 куысты 116 авторæй. Уыдонæй 35 систы премийы лауреаттæ. Конкурсы архайдтой автортæ Уæрæсейы алы регионтæй, Хуссар Ирыстонæй, Туркæй, Бельгийæ, Германийæ æмæ æндæр бæстæтæй.  Уæлахиздзаутæн радтой дипломтæ æмæ зынаргъ призтæ. Журналы редакци æмæ мыхуыры хъуыддæгты комитет фæнд кæны чиныг рауадзын, æмæ дзы уæлахиздзауты уацмыстæ ныммыхуыр кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Бокоты Виктория.

Сусæг хабар нæу, ирон æвзаг æхсæнады æмбæлгæ уывæры кæй нæй, уый. Фæлæ уæддæр ис ахæм адæм, æмæ дзы æрвылбоны царды нæ пайда кæнынц, фæлæ ма дзы лæггад кæнынц аивадæн дæр. Уый бæрæг у, литературон журнал «Мах Дуг» куы рассид  дунеон премимæ, уымæй. Алы бæстæты цы ирон адæм цæрынц, уыдон æрбарвыстой сæ уацмыстæ, 350 куыстæй фылдæр. Архайдтой 5 номинацийы: поэзи, прозæ, публицистикæ, драматурги æмæ тæлмац. Сæйраг æмæ ахстиаг домæн уыди, цæмæй автортæ æрбарвитой сæ ног куыстытæ.

Сæ хуыздæртæ сын сбæрæг кодтой ирон сфæлдыстады дæснытæ.

Айларты Асæхмæт, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, драматург, къамисы уæнг: «Цы пьесæтæ æрбарвыстой конкурсмæ уыдон сты алыхуызон жанрты. Ис дзы комедитæ, ис дзы драмæтæ, ис дзы трагеди дæр, ис дзы бирæзанырон пьесæтæ. Æмæ мæ ис ныфс, нæ автортæ сæ уыцмыстæ кæй фæахадгæдæр кæндзысты, уый».

Премийы лауреаттæ сты 35 адæймаджы. Се `хсен фæсивæд, карджын адæм æмæ сывæллæттæ. Уыдон алы хуызон  жанрты фыстой, ис сын алы хуызон сюжеттæ дæр. Фæлæ сæ иу кæны фыдыбæстæмæ уарзондзинад, тавы сæ мадæлон æвзаг.

Гуыцмæзты Марат, «Мах дуг»-ы премийы лауреат: «Ме æмзæвгæ у ирыстоны тыххæй. цæй рæсугъд у, куыд иу ракалы сæрды. Исты мын иу куы нæ уади, уæд иу мын  мæ ахуыргæнæг, Риммæ Сергеевнæ, ахуыс иу мын кодта».

Ацы бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой сæрмагонд статуэткæ. Бацархайдта йыл скульптор Черчесты Тамуйраз. Йæ хъыдымæ гæсгæ, уæларвмæ ирон дамгъæ цы музæ дары, уый фæлгонц хорз сфидыдта. Уый æвдисы, иронау чи фыссы, уыдон ирон æвзаг уæллоз кæй æвæрынц, кæй йæ нæ уадзынц архауын, уый. Ацы лæварæй уæлдай ма фыццаг æртæ бынаты чи бацахста, уыдон райстой æхцайы фæрæзтæ дæр. Уæлахиздзаутæн раарфæ кодтой Кæсæг-Балхъары æмæ Цæцæны республикæты сфæлдыстады минæвæрттæ, Ирыстоны районты сæргълæуджытæ, зарæггæнджытæ æмæ кафджытæ.

Гæбæлаты Мæдинæ, РЦИ-А Мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг: «Нæ зындгонд литетратурон журнал «Мах дуг» нырмæ цы мадзæлттæ арæзта, уыдонмæ ма бафтыд дунеон преми дæр. Ацы преми саразыны хъæппæрис рацыд журналы редакцийæн  йæхицæй, стæй республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитетæй.Уый хъуамæ бабæтта ирон æвзагыл чи фыссы, уыдоны, баиу кæна дунейы цæрæг ирон адæмы. Ахæм мадзæлттæ та уымæн стыр ахъаз сты».

Преми саразыныл чи бацархайдта, уыдонæн сæ хъуыдыйы ис рауадзын чиныг, кæцыйы ныммыхуыр кæндзысты конкурсмæ цы уацмыстæ æрбацыд, уыдон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania