филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:23 воскресенье, 29 сентября 2024
16 февраля 2022, 11:43
Дзæуджыхъæуы æвæрд æрцыди, алыхуызон хауæддзæгтæ хицæнæй кæм æмбырд кæндзысты, ахæм контейнертæ

Ахуыргæнæндæтты æдæппæтæй сæвæрдзысты 950 контейнеры

Дзæуджыхъæуы скъолаты æмæ рæвдауæндæтты кæртыты æвæрд æрцыди, алыхуызон хауæддзæгтæ хицæнæй кæм æмбырд кæндзысты, ахæм контейнертæ. Ахуыргæнæндæтты æдæппæтæй сæвæрдзысты 950 контейнеры. Рæзгæ фæлтæры экологон сыгъдæгдзинады фæткыл сахуыр кæнын у цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады проект. Ног цъæх контейнерты æмбырд кæндзысты гæххæтт, пластик, æфсæйнаг æмæ авг. Ласгæ та сæ кæндзысты сæрмагонд машинæтæй, иумæйаг полигонмæ нæ, фæлæ сæ кæм бакусдзысты, ахæм бынатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania