09 марта 2022, 13:14
Уæрæсейы æфсады хæстонтæн фарсхæсты акцитæ арæзт цæуынц æппæт Бæстæйы
Се вæрæн æм бахастой Елхоты фæсивæд дæр
Уæрæсейы æфсады хæстонтæн фарсхæсты акцитæ арæзт цæуынц æппæт Бæстæйы. Се вæрæн æм бахастой Елхоты фæсивæд дæр. Бынæттон цæрджытæ сæ хæдтулгæтыл баныхастой дамгъæ Z. Мадзалы бацархайын бафæндыд бирæты. Дæсгай машинæтæ æрбамбырд хъæуы администрацийы цурмæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ акци дыккаг хатт кæй скодтой.
темæмæ гæсгæ




