филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
09 марта 2022, 13:36
Æнæбафиппайгæ нæй, сылгоймаджы сурæт афæдзæй афæдзмæ кæй ивы, уый

Нæ программæйы дарддæры æрмæг ацы хъуыдыйæн у ирд дæнцæг, сты завод «Победит»-ы кусджытæ

Æнæбафиппайгæ нæй, сылгоймаджы сурæт афæдзæй афæдзмæ кæй ивы, уый. Фæлæ æнæивгæ у иу хъуыддаг – кæддæриддæр уыдысты æмæ сты бинонты фидауц. Алы бон кæнынц удуæлдай фæллой, алчидæр йæхи бынаты. Чи бинонты хсæн, чи та бæрнон куыстуаты. Нæ программæйы дарддæры æрмæг ацы хъуыдыйæн у ирд дæнцæг. Сты завод «Победит»-ы кусджытæ. Семæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар Гуытъиаты Алинæйæн.

Ольгӕ Мартыненкойы фӕллойы бон райдайы заводы станокты уынӕрмӕ. Ацы цехы аразынц вольфрамы мур. Иу сменӕмӕ пец радты сӕдӕ дыууын килограммы химион хъацӕн. Фӕлӕ ӕнӕ специалисттӕй ифтонгарзӕй пайда нӕй. Ольгӕ Мартыненкойы куыст нӕ бӕстӕйӕн дӕтты вазыгджын химион элемент.

Ольгӕйы фӕллойадон фӕндаг райдыдта ӕртын авд азы размӕ электрон лампӕтӕ аразӕн заводы. Металлургон цехы ис дыууадӕс сахаты чи хӕссы ахӕм сменӕ. Кӕд ахӕм уӕззау куыст хаттӕн нӕлгоймаг дӕр нӕ бафӕраздзӕн, уӕддӕр ам чи фӕллой кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц иттӕг хорз.

Вольфрамы мурӕй пайда кӕнынц лампӕтӕ аразгӕйӕ суанг баллистикон ракетӕты арӕзтады. Ольгӕ Мартыненко ӕмбары йӕ бӕрнондзинад Уӕрӕсӕйы раз.

Ольга Мартыненкойымӕ нӕ бӕстӕйы алы рӕтты промышленнон цехты фӕллой кӕнынц мингай сылгоймӕгтӕ. Цард сӕм хъыгагӕн мидбылты ӕдзух нӕ худы. Фӕлӕ Ольгӕ йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы хъаст кӕнын. Зоны йӕ, алцӕйы фаг дӕр суыдзӕн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania