10 марта 2022, 13:08
Дзæуджыхъæуккаг епархи æмбæрд кæны Донбассы адæмæн æххуыс
Ацы хъуыддагмæ се вæрæн бахастой уырнæг адæм
Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны æппæт епархиты расидтысты хæрзаудæн куыст, æмæ æмбæрд кæнынц Донбассæй æрбалидзæг адæмæн, стæй хæстон быцæуы чи баззад, уыцы адæмæн æххуыс. Дзæуджыхъæуккаг епархи уыцы хъуыддаджы бацархайдта фыццæгты хсæн. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасимы фæндонмæ гæсгæ райдыдтой гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын. Ацы хъуыддагмæ се вæрæн бахастой уырнæг адæм. Уыимæ чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Стыр комдарæн. У æппæтæй карздæр æмæ дæргъвæтиндæр. Уыцы мгъуыд нысан кæны уд сыгъдæггæнæн рæстæг. Хъæуы хуыцаумæ кувын, адæмæн æнæниздзинад æмæ фарн курын. Стыр комдарæн фæуыдзæн 23-æм апрелы.